Уастырджийы стырбон

Ирoн aдæмы бæрæгбoнтæй иууыл axсджиaгдæр æмæ кaдджындæр у Джиуæргуыбa (Джeoргубa, Джeoргoбa), Уaстырджийы стырбoн. Уaстырджи ирæттæм нымaд у нæлгoймæгты бaрдуaгыл. Сылгoймæгтæ йæ йe ‘цæг нoмæй нæ xуыдтoй, нæ сын фæтчыди, æндæр нoмæй йæ xуыдтoй — Лæгтыдзуaр. Фæснoмыгæй xoныны æгъдaу рaгoн зaмaнты дины xaрaктeрoн миниуæг уыдис. Æгъдaу рaвзæрдис исты фыдæй xи бaxизыны дoмæнтæм гæсгæ. Æвæццæгæн, Уaстырджийы aгъoммæ уыд axæм культ, æмæ йæ фæтк уыд сылгoймæгты ныxмæ арæзт, уымæ гæсгæ йын сылгоймæгтæ йæ ном комкоммæ дзурын нæ уæндыдысты, йæ азарæй йын тарстысты. Афтæмæй бардуаджы ном фæсномыгæй дзурыны фæтк ирон сылгоймагмæ абоны онг дæр баззад.

Уастырджийы бæрæгбон ирон адæм кодтой æмæ кæнынц, Майрæмыкуадзæнæй дыууадæс къуырийы куы рацæуы, уый фæстæ, æмæ вæййы ноябры дыккаг æмбисы. Райдыдта-иу уый хуыцаубонæй æмæ-иу ахаста иудыууæ къуырийы бæрц. Ирыстоны хæххон хъæуты (Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр) Уастырджийы номыл кувæндæттæ ис алы ран дæр. Уыдонæй се ‘ппæтæй зындгонддæр уыдысты Рекомы дзуар (Цъæйы комы), Ныхасы Уастырджи (Уæлладжыры комы), Дзывгъисы дзуар (Куырттаты комы), Найфат (Дзомагъы), Джеры дзуар (Джеры комы), Къуайсайы дзуар (Къуыдаргомы), Дигори изæд (Дыгургомы).

Уастырджийы бонты Куырттаты комы цæрджытæ тынг парахатæй арæзтой Дзывгъисы дзуары къуыри. Бæрæгбон аразыны тыххæй-иу ам развæлгъау сæвзæрстой фысымтæ. Уыдон-иу сæхи хардзæй аргæвстой гал, сцæттæ-иу кодтой бæркадджын фынг æмæ-иу æрхуыдтой æгас хъæуы. Бирæ хатт-иу фысымты хæрдзтæ афтæ бирæ рауадысты, æмæ-иу сæ хæдзæрттæ мæгуырæй баззадысты, фæлæ-иу уæддæр æгъдауæн æнæсаразгæ нæ уыд. Дзывгъисы дзуары куывды-иу уыд 300—400 адæймаджы. Бæхты дугъты-иу архайдта 200—300 барæджы бæрц. Стырбоны рæстæджы алыхуызон хъæлдзæг хъæзтыты сæйраг архайæг уыдис быдзæумаймули. Тугъанты М. куыд фыссы, уымæ гæсгæ-иу ацы быдзæуыл бакодтой, сыкъатæ æмæ сæгъы боцъотæ кæуыл уыдаид, ахæм цæсгомивæнмаскæ, йæ уæлæ-иу ын скодтой зыгъуыммæ фæлдæхт кæрц, кæрцы астæу-иу æрбабастой ронæн хъуымац, иннæ хъазджытæм та-иу уыдис хъæдæй арæзт топпытæ æмæ ‘хсаргæрдтæ. Ацы æгъдауæн хуыздæр æвдисæн у Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæ «Маймули — рухсаг, æгас цæуæд ирон театр».

Тынг популярон уыдис Дыгургомы Уастырджийы номыл кувæндон — Дигори изæд кæнæ Дигори Уасгерги, уый ис Задæлескы хъæумæ æввахс.

Ахæм зындгонд ма уыдис, Хуссар Ирыстоны Уастырджийы номыл Джеры хъæуы цы кувæндон ис, уый — Джеры дзуар. Ардæм-иу кувынмæ цыдысты ирон адæм æмæ Гуырдзыстонæй дыууæ мæйы дæргъы — сентябрæй суанг ноябрмæ.

Уастырджийы бонтæй иууыл кадджындæр æмæ ахадæндæр уыдис бæрæгбоны фыццаг къуырийы дыццæгæхсæв — Уастырджийы æхсæв кæнæ Лæгты æхсæв. Ацы æхсæв Уастырджийы номыл кодтой кусарт, цыдысты кувæндонмæ æмæ куывтой Уастырджимæ. Цыфæнды мæгуыр æмæ цыбыркъух куы уыдаид ирон лæг, уæддæр ацы стырбон ма сарæзтаид, кусарт ма акодтаид, уый гæнæн нæ уыд. Ирон адæмы дин æмæ мифологийы бардуæгты æхсæн се ‘ппæты нымаддæр æмæ цытджындæр Уастырджи у. Уый у фæндаджы, нæлгоймæгты, хæстонты æмæ бæлццæтты бардуаг. Уый, дам, мæгуыр адæмы хизы фыдæй, алыхуызон æвзæргæнджытæй, дæлимонтæй, къæрныхтæй, лæгмартæй æмæ а. д. Æппынфæстаг уый у адæймаджы мæрдвæндаджы бардуаг дæр. Афтæмæй Уастырджи у ирон мифологи æмæ дины универсалон бардуаг. Уый дам-иу фыййауæн йæхи равдыста хуымæтæг фыййауы хуызы, мæгуыр, фæкæсынхъуаг тыхст лæгæн — мæгуыр фæндаггоны хуызы, цæмæй сын-иу баххуыс кодтаид. Ирæттæ кæрæдзийæн арфæ кæнынц: «Уастырджи — де ‘мбал, дæ аудæг!»

Уастырджийы æппæтхъом, универсалон бардуагыл кæй нымайынц ирон адæм, ууыл ма дзуры, ирон лæг Хуыцау æмæ æндæр бардуæгтæн кувгæйæ Уастырджийы кой дæр æнæмæнг кæй скæны, уыцы фæтк дæр. Уастырджийы номыл ирæттæ бæттынц ахæм эпитеттæ: сыгъзæрин (Уастырджи), сыгъзæрин базырджын, тæхгæ-нæргæ, цæхæрцæст, урсбоцъо, тыхджын, хъæбатыр æмæ а. д. Ирон адæм фынджы куывдтытæ Хуыцауы гаджидауы фæстæ райдайынц Уастырджийы номыл куывдæй, фæугæ дæр сæ фæкæнынц Мыкалгабыр кæнæ Фæндагсар Уастырджийы куывдæй. Абоны онг дæр ирон лæг балцы цæугæйæ, Уастырджи, фæндараст мæ фæкæн, зæгъгæ, ма ракува, уый гæнæн нæй. Ирон лæджы æмбарынады Уастырджийы фæлгонц æвдыст цæуы урс бæхыл бадæг бæрзонд, æлвæст, фидыцджын, урсбоцъо нæлгоймаджы хуызы. Уастырджийы бадæн бынат у уæларв. Уый Хуыцаумæ дæр быцæуты бацæуы зæххон мæгуыр адæмы сæрыл, Хуыцауæй домы уыдонæн æххуыс.

Уастырджийы бонтæ фæззæгмæ кæй æййæфтой, уымæн дæр ис йæхи нысаниуæг фæззæгмæ фæвæййынц хæдзарадон æппæт куыстытæ дæр, (хуым кæрдын, най кæнын, холлаг æфснайын æмæ а. д.), зæхкусæг вæййы сæрибар, æнцой йæ афæдзы куысты бæркадæй æхцондзинад бавзара, уый фадат ын вæййы сæрибарæй. Чындзæхсæвтæ дæр-иу Уастырджийы бонтæм уымæн кодтой. Уастырджийы бонты агъоммæ дыууæ къуырийы раздæр-иу райдыдтой къайон цардимæ баст æгъдæуттæ аразын: чызджы бинонтæм минæвæрттæ æрвитын, хæдзаруынæг цæуын, нысан уадзын, ирæды куывд æмæ а. д. Архайдтой, цæмæй-иу Джиуæргуыбамæ æрæййæфтаиккой чындзæхсæвтæ, уымæн æмæ, дам, Уастырджийы бонты чындзæхсæв цы дыууæ æвзонг адæймаджы скæной, уыдон уыдзысты иууыл амондджындæр. Афæдзы æндæр афонты дам-иу чындзæхсæв кæмæн скодтой, уыцы дыууæ æвзонг адæймаджы къайон цард дам-иу уыдис æнамонд, тагъд дам-иу ахицæн сты. Чындзæхсæвтæ æнæмæнг Уастырджийы бонты кæныны æгъдау канд ирæттæм нæ, фæлæ бирæ æндæр адæмтæм дæр у зындгонд: уырысмæ, немыцмæ, албантæм æмæ а. д. Уастырджимæ цастæрбæрцæй æввахс лæууы уырыссаг, гуырдзиаг, абхазаг бардуаг сыгъдæг Георги, кæсæг-балхъайраг — Керги, Ааушь-Гр, Георге. Гъе, фæлæ ранымад бардуæгты динон функцитæ ирон Уастырджийы хуызæн уæрæх æмæ универсалон нæ уыдысты.

Ирон Уастырджийы хуызы уынын хъæуы, ирæттæ-алантæм чырыстон дины агъоммæ цы бардуæгтæ уыдис, уыдонæй сæ иуы, ома ирон адæмы иууыл рагондæр заманы бардуаджы фæлгонц. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ, ирон Уастырджи йæ динон универсалон æууæлтæ, йæ динон функцитæ рахаста чырыстон дины агъоммæйы динæй. Цавæр миниуджытæ уыдаид ирон адæмы ацы бардуагмæ? Абаргæ-историон раиртæсты руаджы сбæрæг: ныртæккæ ирæттæ цы ‘гъдæуттæ æмæ цардыуагон фæткæвæрдтæ кæнынц сæ хæдзарадон-культурон царды æмæ кæддæр нæ рагфыдæлтæ (скифтæ, сарматтæ æмæ алантæ) цы ‘гъдæуттæ æмæ ритуалон фæткæвæрдтæ арæзтой, уыдонæй бирæтæ сты бынтон æнгæс. Аммиан Марцеллин фыста йæ дуджы, зæгъгæ, алантæ куывтой хæсты бардуагæн æхсаргарды культы хуызы. Ацы фæткæн аналогитæ абоны ирон адæмы хæдзарадон-культурон царды æмбæлынц. Æндæр ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, Уастырджийы бардуаг, стæй Уастырджийы стырбоны цы ‘гъдæуттæ фæаразынц ир, уыдон æмæ аланты хæсты Хуыцауы æхсæн ис дзæвгар æнгæсдзинæдтæ, æгæрстæмæй Уастырджийы уыцы Хуыцауы прототип дæр рахуыдтой. Ахæм хъуыдыйыл хæцынц бирæ ирон ахуыргæндтæ (Абайты В. И., Калоты Б. А., Мæхæмæтты А. X. æмæ ацы чиныджы автор дæр). Ирон адæмы дин æмæ мифологийы Уастырджийæн бирæ функцитæ ис, фæлæ уыдонæй тæккæ сæйрагдæр æмæ зындгонддæр у, хæст æмæ бæлццоны (фæндаджы) бардуаг кæй у, уый.

Аланты хæсты Хуыцауы хуызæн Уастырджи дæр ауды фæндаггоныл, хæсты быдыры хæстоныл, — хæсты сын цæмæй æнтыст уа, бæлццон фæндараст цæмæй фæуа, ууыл архайы. Уастырджийы бон-иу ирон лæджы кæмфæнды ма æрыййæфтаид, хæдзары æви Ирыстонæн æддейæ, уæддæр-иу ын æнæмæнг хъуамæ скуывтаид. Фыццаг дунеон хæсты рæстæджы ирон хæстонтæ сæхи знаджы нæмыгæй бахизыны тыххæй Карпаты сарæзтой сæхицæн Уастырджийы номыл кувæндон æмæ йын куывтой. Уыцы хæсты ирон хæстонтимæ знаджы ныхмæ чи хæцыди, уыдон, дам, сæхи цæстæй уыдтой, ирон лæг-иу размæ абырсыны агъоммæ Уастырджийæн йæхи куыд фæдзæхста, куыд-иу æм куывта, уый.

Ирыстоны алы къуымты цыдæриддæр Уастырджийы номыл кувæндæттæ ис, уыдонæн сæ фылдæр хай фыццаг дунеон хæсты рæстæджы арæзт дæр уымæн æрцыдысты. Уастырджи аланты хæсты Хуыцауы прототип кæй у, уымæн ма æвдисæн сты, Рекомы кувæндоны цы алыхуызон хотыхтæ æвæрд ис, уыдон дæр. Ирыстоны иунæг кувæндонмæ дæр уыйас хотыхтæ нæ хастой раджы заманы, Рекомы кувæндонмæ цас хастой. Дыууæ ирон хæстоны-иу Рекомы кувæндоны ард бахордтой, сæ кæрæдзийыл хæсты быдыры гадзрахатæй кæй никуы рацæудзысты, уый тыххæй. Æрдхорды нысанæн-иу сæ хæцæнгæрзтæй истытæ баивтой кæрæдзийæн, кæнæ та-иу фат йæ астæуыл ацъæл кодтой æмæ-иу ын йæ сæстæгтæ Рекомы кувæндоны къулы басагътой. Уый нысан кодта: хæсты быдыры кæрæдзи хъуамæ хъахъхъæной, кæд сæ хæсты исчи фæмард уа, уæд ын йе ‘рдхорд хъуамæ йæ мард ахастаид æмæ йæ баныгæдтаид.

Уастырджийæн бастдзинад ис ирæтты аграрон динимæ дæр. Хуым кæнынмæ цæуыны фыццаг бонæн ирон адæм стыр культон-магион нысаниуæг лæвæрдтой. Æмæ-иу ацы боны æгъдæуттæ аразыны рæстæджы иннæ аграрон бардуæгтимæ Уастырджийæн дæр ма ракуывтаиккой, уый гæнæн нæ уыд. Ирон адæмы фæллойы зарджыты дæр Уастырджийы кой арæх æмбæлы. Зарджыты Уастырджийы фæлгонц æвдыст цæуы куы гутондар, куы галыскъæрæг, куы тауинагхæссæг, куы та ауæдзамонæджы хуызы. Уастырджимæ боныхъæды (къæвда, хурвæлтæр, сахкъæвда, тыхдымгæ) æмæ тыллæгæрзады бардуаджы миниуджытæ дæр ис. Бæркадджын хæдзарад æмæ йæм хорз боныхъæды тыххæй куывтой. Хуры культы миниуджытæ дæр ис Уастырджимæ, хуры культæн йæхицæн та ис аграрон бардуаджы миниуджытæ.

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.