Уалдзæггæнæг зæрватыкк

Фыццаг ирон сылгоймаг фыссæг Кочысаты Розæйы райгуырдыл сæххæст 130 азы

Ирон сфæлдыстадон сылгоймæгты сæргъы ис Нарты Сатана. Уымæй райдайы сæ хорзы кой. Фæлæ Сатана кадæджы архайæг у, йæ фæлгонц ын ирон адæмы бирæ фæлтæртæ скодтой, алчидæр æм йæхионтæ æфтаугæйæ. Кочысаты Розæйы та ирон адæм комкоммæ радтой, Дунескæнæг æй куыд сфæлдыста, ахæмæй. Сæ буары иу хай уыд, сæ туг йе уæнгты æнхъæвзта, сæ фарн æй рæвдыдта, сæ зонд æй хъуыдытыл æфтыдта. Æмæ æппæт уыцы æууæлты сфæлдыстадон хъуыдыйы базыртыл фæхæст. Уыдон æй сæ уæлныхты систой, æмæ сæрæвæрæн æркодта ирон сылгоймаджы сфæлдыстадон архайдæн.

Бæрцæй 22 азы фæцард Кочысаты Розæ, æмæ йын кæд бирæ бакæнын нæ бантыст, уæддæр стъалыйау æрттивы ирон литературæйы арвыл. Йæ алы уацмыс нæ, фæлæ нын йæ алы рæнхъ дæр у Цыкурайы фæрдыгау. Уымæн æмæ дзы æвæрд ис рæсугъд ирон ныхасы уаг, ирон дзырды тых, аивдзинад æмæ хъомыс. Уымæн æмæ нæм дзы азты сæрты хъуысы нæ фыдæлты царды хъæр: сæ тухитæ, сæ мæт, сæ сагъæс. Уымæн æмæ нын зæгъы: ивгъуыдæй зынг райс æмæ дзы дæ кæстæртæн арт скæн. Ахæм фæрнджын æмæ хъомысджын у йе сфæлдыстад, зæрдæты агайы, зонд рæвдауы. Размæ нæм сиды! Уый сæраппонд уыдис йæ уды рис, æмæ йын радта йæ цыбыр цард æппæтæй дæр.

Кочысаты Розæ у ирон литературæйы фыццаг сылгоймаг-фыссæг. Уый фыццаг зæрватыккау ссис уалдзæггæнæг, æмæ йæ хæдуæлвæд райхъуыст Коцойты Ленæйы, стæй та — иннæты хъæлæстæ дæр. Фæлæ дзы Розæйæн йæ цыбыр царды цас бантыст, аивадон æгъдауæй — фидар, æвзагæй — хъæздыг, цардуаджы, адæмы хъæнтæ æмæ фæзминаг хъуыддæгтæ цы уацмысты равдыста, уыдонæн æмбал нæй. Уымæн æмæ уыдон уыдысты фыццæгтæ, уымæн æмæ сæ фыссæг цард æндæр дуджы, сæрибарæй адæймаджы, сылгоймаджы бартыл сдзурæн кæм нæ уыд. Уый уыдис уалдзæггæнæг, æмæ дзы уæлдай бузныг уый тыххæй стæм.

Розæйы сфæлдыстадæн аргъгæнджытæ ирон литературæйы бирæ ис, æмæ йæ цы бынаты сæвæрдтой, уый аккаг у. Йæ уацмысты фыццаг æмбырдгæнæг æмæ сын аргъгæнæг та уыд йæ хъæуккаг, йе ‘мдугон, зындгонд ирон ахуыргонд Æлборты Барысби. Йæ цард æмæ сфæлдыстадыл дæр æппæты фыццаг уый ныффыста уац «Рухсмæ бæлгæйæ».

Кочысаты Розæйы уацмыстæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны джиппы бирæ хæттыты рацыдысты хицæн чингуытæй. Уыцы хъуыддаджы æппæты стырдæр куыст бакодта Уанеты Владимир. Уый бæстон æмæ биноныгæй æрæмбырд кодта фыццаг ирон сылгоймаджы сфæлдыстад, цыдæриддæр уацтæ æмæ æмдзæвгæтæ йыл фыст æрцыд, йæ цард æмæ сфæлдыстадимæ баст къамтæ æмæ сæ иу чиныджы джиппы рауагъта Хуссар Ирыстоны рауагъдад «Ирыстон»-ы. Чиныг-альбом хуыйны «Иры номдзыд чызг». Ардæм хаст æрцыдысты Розæйы пьесæтæ «Гæды лæг» (æнæуый — «Нæ пъырыстыф сæрра»), «Мæ уарзондзинад, æви мæ фыды ныхас?», йæ уацтæ «Нæ Иры чызджытæм», «Хетæгкаты Къостайы мысынæн», йæ пьесæ «Зæхх — ме ‘вдисæн, хур — мæ комдзоджы» мидис. Ацы уацмысы къухфыст кæм ис, уый нырма нæ рабæрæг. Æлборты Барысби йæ Ольгинскæйы сценæйыл федта æмæ йын йæ мидис ныффыста нывтæм гæсгæ. Йæ иннæ пьесæ «Мæ уарзондзинад, æви мæ фыды ныхас?»-æн дæр Розæйы къухфыстæй оригинал нæ баззад. Уый дæр, æвæццæгæн, куы æррынчын, уæд кæмæндæр сыгъдæг рафыссын кодта. Æртæ пьесæйы дæр сценæйы æвæрд æрцыдысты Олгинскæйы. Рольты хъазыдысты (нæлгоймæгты рольты дæр) Кочысонæн йæ хæлар дыууадæс чызджы. Уыдон ма уый размæ Æлдаттаты Гадзейы сарайы сценæйы сæвæрдтой Елбыздыхъойы «Худинаджы бæсты — мæлæт» æмæ «Уæрæсе-дзау». Дыууæйæн дзы, Туаты Лидæ æмæ Æлдаттаты Тауырзæтæн, æмдзæвгæтæ дæр ма ныффыста. Сты чиныджы, æмæ сæ æз дæр хæссын газеткæсджытæм.

Туаты Лидæйæн

Зæгъ-ма мын, кæй тыххæй

Æвæрыс: «Дæу уарзын?..»

Кæй ныв-иу æдзухæй

Дæ цæстытыл уайы?..

Кæй ном-иу фæдзурынц

Дæ диссаджы былтæ,

Æнкъардæй куы бадыс

Сæнттæ цæгъдгæ, уæд?..

Тауырзæтæн

Уæ, Тауырзæт, уæ мæ хъæуккаг!

Зæрдæ нæу дæ фаг дзырдхъом,

Фæлæ иу-дыууæ хаххæй

Æз ныр агурын дæ ном.

Æз цæстмæхъус ныхас сурын,-

Ахæмтыл ды дæр фæраз,

Æмæ дын æз дæр куы дзурын,

Уæд-иу хорз амонд дæ хай.

1906 аз.

Чиныг «Иры номдзыд чызджы» Розæйы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй цы уацтæ ис, уыдон дæр ранымайдзынæн. Уымæн æмæ æрмæст сæ автортæ æмæ сæргæндтæ дæр цæуылдæр дзурынц. Æлборты Барысбийы «Рухсмæ бæлгæйæ», Ардасенты Хадзыбатыры «Кочысаты Розæ», Тедеты Георгийы «Сагъæстæ уардийыл», Бæциаты Агуыдзы «Иры чызг», Тотраты Русланы «Сценæйы — ирон чызджытæ», Цъотниашвили Автандилы «Кочысаты Розæ — типикон ирон сылгоймаг», Скифироны (Тедеты Рюрикы) егъау наукон уац «Кочысаты Розæйы 17 персонажы» æмæ Уанеты Владимиры «Ро-зæйы трагеди «Мæ уарзондзинад, æви мæ фыды ныхас?»-ы иу цымыдисаг хабары тыххæй». Æмдзæвгæтæ йыл ныффыстой Цæрукъаты Алыксандр, Кокайты Тотрадз, Галуанты Людæ, Гобозты Валери æмæ иннæтæ.

Ацы чиныг-альбомы тыххæй бирæ уымæн дзурын, æмæ иуæй у æппæты æххæстдæр, иннæмæй та рацыд 1990 азы, æмæ йын ссарæн — балхæнæн нал ис, стæй йæ мы-хуыр, йæ гæххæтт зæрдæзæгъгæ нæу, уæлдай æгъуыздæр сты йæ къамтæ. Цæгат Ирыстоны чингуыты мыхуыры хъуыддаг бирæ хуыздæр у, æмæ хорз уаид, ам джиппы уагъд куы æрцæуид, уæд.

Кочысаты Розæйы кад бæрзонд æвæрд у Хуссар Ирыстоны: йæ номыл уынг ис Цхинвалы. Уымæй уæлдай йæ ном хæссынц скъола æмæ библиотекæ дæр. Уæлдæр цы чиныг-альбомы кой ракодтон, уый дæр цасдæры аргъ у. Цæмæй йын бабуц кодтам мах, Цæгат Ир, та йæ ном? Сæдæ дыууын азы куы сæххæст йæ райгуырдыл, уæд æй куыд сбæрæг кодтам? Æгæр-мæгуыр ын Алагиры йæ уæлмæрдыл исчи дидинджытæ сæвæрдта? Æниу, æй кæм агурой? Æхсайæм азты ма дзæнæтыбадинаг Æлборты Барысби Кочысаты Розæйы рухс номæн ноджыдæр иу лæггад бакодта. Уый зæрондæй, низ æмæ цардæфхæрд уæвгæйæ, ацыд Алагирмæ. Уым ын зæронд уæлмæрдты йæ ингæн ссардта. Уый фæстæ йæм Кочысаты Черменимæ биноныг базылдысты. Йæ цуры ма сæ къам дæр систой. Нæуæдзæм азты йæ мах «Рæстдзинад»-ы къамисæг Къæбысты Харитонимæ фæцагуырдтам, фæлæ йæ нал ссардтам. Йæ фæд фесæфт — йæ цырт, йæ ингæны къæй ныппырх сты.

Розæ 1907 азы смой кодта салыгæрдæйнаг, посты-телеграфы кусæг Реуазты Хъасболатмæ. Фыццаг цардысты Лабæйы, стæй — Алагиры æмæ Æрыдоны. Æрыдоны рæуджыты низæй фæрынчын æмæ амард 1910 азы февралы. Ныгæд æрцыд Алагиры.

Алагиры скъолаты æрвылаз дæр скъола-дзау фæлтæр фæахуыр кæнынц Кочысаты Розæйы уацмыстæ. Æвæццæгæн ын сæ хихъæппæрисадон къордтæ сценæйы сæ-вæрынц йæ пьесæтæ дæр. Цымæ дзы иу хатт ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæй искæмæ цæуылнæ сæвзæрд ахæм хъуыды: «Цæй-ма скъоладзаутимæ бабæрæг кæнæм Иры номдзыд чызг Розæйы уæлмæрд æмæ йæм базилæм?” Уымæн æмæ ныл куыдфæндыйы зæрдæйыуаг стых, зивæг кæнæм, фыдæбонæй нæхи хизæм. Афтæ куы нæ уаид, уæд абон зониккам, нæ прозæйы бындурæвæрæг Секъа кæм ныгæд ис, æмæ нæ фыццаг ирон сылгоймаг-фыссæг Кочысаты Розæйы ингæн дæр. Нæхи нæ уарзæм, æмæ нæ уæд афтæмæй чи бауарздзæн!

***

Ирон мыггæгтæй алчидæр йæ фарны хай хæссы Ирыстоны намыс æмæ кадмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хъуыддаджы фылдæр æнтысы даргъ æмæ уæрæх мыггæгтæн. Кочысатæ уыдонæй не сты, стыр мыггаг нæу, фæлæ ирон адæмæн уыйбæрц хорз лæггæдтæ бакодта,æмæ йæ Ирыстоны Цæгатæй Хуссармæ алы ран дæр зонынц, æхсызгонæй йæ дзурынц. Ирон скъоладзау суанг дыккæгæм къласы базонгæ вæййы фыццаг ирон сылгоймаг-фыссæг Кочысаты Розæимæ, фæстæдæр та — йе сфæлдыстадимæ. Сахуыр æй кæны. Æмæ дзы банкъары йæ фыдæлты фарны миниуæг, сæрибармæ бæллицы, рæстдзинадыл тохы гæнæнтæ, ирон фæлгонцджын æвзаджы рæсугъддзинад.

Скъоладзау Розæйы хорз удыхъæды, йæ тырнындзинæдты, йе ‘нкъарæнты фæрцы йæ зæрдæмæ айсы ацы мыггаджы номы мырты зæлтæ æмæ та йыл йæ дарддæры ахуыры, царды ногæй æхсызгонæй сæмбæлы. Уæд та йе ‘мныхасгæнæг, йæ æмсагъæсгæнæг свæййы Кочысаты Мухарбег. Хæстон зынгхуыст Мухарбеджы сфæлдыстад зæрдæрайгæ у, нуарджын ирон дзырдты руаджы цы æнкъарæнтæ æвдисы йе ‘мдзæвгæты, уыдон рæзгæ фæл-тæры удты цæргæ-цæрæнбонтæм баззайынц. Йæ уацмыстæй  бирæтæ  зарджытæ хуымæтæджы нæ систы. Æрвылбон сæ ирон адæм стырæй-чысылæй зарынц радио æмæ телеуынынады, концертты æмæ кадгæнæн изæрты, куывдты æмæ чындзæхсæвты, кусгæйæ æмæ фæллад уадзгæйæ. Æдзух-дæр нæ былалгъыл сты йæ рæсугъд, аив, фæлгонцджын æмдзæвгæты рæнхъытæ.

Уæдæ хистæртæй чи нæ зоны Кочысаты артист чызг Зояйы. Ирон театры цы фæл-гонцтæ сарæзта, уыдонæн ферохгæнæн нæй.

Иутæ бынтæ ныууадзынц мулкæй, æмæ сын æвзæрæн уагъд куы фæвæййынц, уæд сæ уыдон апаплой кæнынц. Иннæты исбоны бынтæн дæр ис фæуæн. Нæй фæуæн, Кочысаты Розæ, Мухарбег æмæ Зоя ирон адæмæн цы бынтæ ныууагътой, уыдонæн, раст Хуыцауы хорзæхау æнусты цæрдзысты семæ æмæ фæлтæрты ахуыр кæндзысты ирон æвзагыл, фарныл, рæстдзинадыл, уарзыныл, адæймагдзинадæн аргъ кæныныл.

Адон æртæйæ дæр рацыдысты Кочысаты Псийы хæдзарæй. Мухарбег æмæ Зоя уыдысты хо æмæ æфсымæр, Розæ та — сæ фыды хо. Ноджыдæр сæ скадджын кæныны тыххæй Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмæ скульптор Дзбойты Михалы фæндæй равзæрд, кæм райгуырдысты, ба-хъомыл сты, уым, Олгинскæйы хъæуы сын сæ фыдæлты хæдзары къулыл Номарæн къæй бакæныны хъуыды. Скульптор йæ хæс сæххæст кодта, фæлæ йæ куыстыл йæ æрмадзы æртæ азы бæрц рыг фæбадт. Сæ райгуырæн хæдзарыл æй бакæнынæн фæрæзтæ нæ разынд, нæдæр Рахизфарсы районы, нæдæр республикæйы. Афтæмæй та йын хæрзчысыл хъуыд. Йæ цæрæнбон бирæ УФ-йы Федералон Æмбырды уæнг Фа-дзайты Арсенæн. Уый фæрцы 2006 азы 19 майы номарæн фæйнæг сфидыдта сæ хæдзары къулыл.

Номарæн аив къæй кадджынæй байгом кодтой, уазджытæ æмæ фысымтæ Розæ, Мухарбег æмæ Зояйы фæлгонцыл фæцин кодтой. Хъыгаг уыд иу хъуыддаг: ахæм стыр мадзалмæ æппæтреспубликон нæ, фæлæ дыууæ Ирыстонæн дæр ахсджиаг чи уыд, уымæ нæдæр районы хицауадæй ничи æрбацыд, нæдæр республикæйы хица-уадæй. Иннæмæй та, уыцы бон адæм æнхъæлмæ кастысты æрмæст Кочысаты нæ, фæлæ æппæт Ирыстоны номдзыд хъæбулты лæггад хъуыды кæнгæйæ, сæ уынгæн дæр сæ мыггаджы ном кæй ратдзысты, уымæ. Уый тыххæй ныхас цыд хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Цæллаггаты Арсенимæ æмæ районы бы-нæттон администрацийы сæргълæууæг Ходы Владимиримæ. Хъуыддагæй зæрдæ бæргæ бавæрдтой, фæлæ ма абон дæр цалдæр азы фæстæ арæзт не ‘рцыд. Ирон адæмæн Розæ, Мухарбег æмæ Зояйы лæггад уый аккаг кæй у, уый æппындæр дызæрдыггаг нæу. Цы чысыл азтæ рацардысты, уæлдайдæр Розæ æмæ Мухарбег, уыдон иууылдæр снывонд кодтой Рай-гуырæн Ирыстонæн, ирон рæсугъд царды сæраппонд.

Цгъойты Хазби

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.