Театры ног фӕлтӕр: Хуссар Ирыстон у фадæтты дуне

Aзы кæрoнмæ тeaтры нoг фæлтæр — Бeкъoйты Зæринæ æмæ Цoциты Андрейæн уыдзæн сæ дебют стыр сценæйыл спектакль «Антигона»-йы
ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры труппæ баххæст ис ног æрыгон фæлтæрæй — Бекъойты Зæринæ æмæ Цоциты Андрей ныридæгæн куысынц стыр сценæйы сæ фыццаг фæлгонцтыл. Уыдон архайынц Дзуццаты Тамерланы ног спектакль «Антигона»-йы.

Ныр фæстаг дæс азы Хетæгкаты Къостайы номыл театры стырдæр проблемæтæй сыгъд бæстыхаййæ дарддæр иу уыд æвзонг курдиатджын актерты цухдзинад. Иууыл æрыгондӕр актертæ ахызтысты 30 азы карæй, уымæ гæсгæ ног фæлтæртæм æнхъæлмæ кастысты кæсджытæ дæр æмæ режиссертæ дæр.

Театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан кусы Жан Ануйы пьесӕ «Антигона»-ыл. Ацы спектаклы сæйраг фæлгонцтæ режиссер бакодта ног фæлтæрты бæрны.

Хуссар Ирыстон — Бекъойты Зæринæйы фадæтты дуне

22 —аздзыд Зӕринӕ каст фæцис Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты актерон хайад. Ахуыры фӕстӕ ӕрыздӕхт Хуссар Ирыстонмæ, уымӕн ӕмӕ йæ райгуырæн бæстæ нымайы уæрæх фадæтты дуне.

«Мæ фыд ам цæры, мæ мад — цæгаты. Мæ фыд у нывгæнæг, сфæлдыстадон адæймаг, мад — тызмæгдæр, карз цæстæнгасимæ сылгоймаг. Мæнæн æввахсдæр у мæ фыд, кæрæдзи хуыздæр æмбарæм, стæй мын Хуссар Ирыстоны театры сценæйы ис фылдæр фадæттæ, цæгаты та уыдаин бирæнымæц æвзонг актрисæтæй иу. Уымæн дæн æз абон ам», — дзуры Зæринæ.

Саулагъз æрыгон рæсугъд чызгæн режиссертæ рагзагъд кæнынц драматикон фæлгонцты сæйраг рольтæ, йæхæдæг та тырны комедитæм.

«Афтæ нымад цæуы, ома сфæлдыстадон коллективты ис æндыгъд ахаст — кæрӕдзи хæрынц рольтыл. Мæнмæ дæр афтæ каст, цалынмæ кусын нӕ райдыдтон. Ныридæгæн мах архайæм сгуыхт кусджытимæ, уыдон нын амонынц сценæйы сусæгдзинæдтæ, ис сын хæлар æмæ рæдау ахаст ног фæлтæрмæ. Уæлдай мын æххуыс кæны Бибылты Сослан, æхæст кæнæм сæйраг фæлгæнцтæ. Драматикон фæлгонц мын ис æмæ йæ хъæуы хорз банкъарын. Ныртӕккӕ мӕ тыхтӕ радтон ацы рольмӕ», — дзуры чызг.

Цалынмæ Хуссарирыстойнаг сценæ сфӕнд кодта басæттын, уæдмæ Зӕринӕ йæхи сфæлвæрдта цыбырметражон кинонывты, клипты æмæ дипломон спектакльты, архайдта модӕйон равдыстты моделы хуызы.

Чызг сæтты Шекспиры сфæлдыстад æмæ Дзæуджыхъæуы уырыссаг театрмæ æнæкӕрон уарзондзинадыл æмæ йæ дардцæуæг нывæзтыл — кæд ныртӕккӕ æрыздæхт йæ райгуырæн къуыммæ, уæддæр йæ сæнтты уый уыны Голливудмæ афтын æмæ Ирыстонæн фыццаг «Оскар» балæвар кæнын.

«Кæд бæллæм, уæд стыр æнтыстмæ. Мæ фæндтыл ме ʻмгæрттимæ хаттæй-хатт фæхудæм, фæлæ куы æрæмбырд вæййæм, уæд алыхатт дæр мæ бæллицæн скувæм — цӕмӕй бафæлварон мæхи киноиндустрийы æмæ Ирыстонæн фыццаг «Оскар» æрхæссон», — дзуры актрисæ.

Театр — удæн, кино — цардæн

Театры актерты мыздтæ абон уадиссаг бæлиццаг не ʻсты, кӕд ног сфӕлдыстадон фæлтæр Хуссар Иры сценæйы сæ актерон курдиат райхалынæн уыны стыр фадæттæ, уæд финансон хæдбардзинады тыххæй та фылдӕр тырнынц киномæ.

«Театры мызд у ницæйаг — 10 мин сомы, адӕймаг дзы йӕхи ницӕй тыххӕй фӕдардзӕн. Уымӕ гӕсгӕ, театры адæм кусынц фылдæр бæрцæй сæхи æхцондзинадæн, æхца бакусынæн та фылдӕр фадӕттӕ ис кинойы», — зæгъы Зӕринӕ.

Цоциты Андрейы дебют

Цоциты Андрейӕн дӕр ис Зæринæмæ æнгæс хъысмæт — уый дæр Ирыстонмæ æрыздæхт ахуыры фӕстӕ, уымæн дæр «Антигона»-йы роль уыдзæн йæ дебют стыр сценæйыл æмæ уый дæр тырны «Оскар»-мæ. Ӕрмӕст, Зӕринӕмӕ абаргӕйӕ, Андрей у бирӕ мадзурадӕр.
.
«Нырма уал мæ фыццаг фæлгонц ӕнтыстджынӕй сæххæст кæнон æмæ уый фæстæ та райхалдзæн мæ дарддæры фæндтæ», — зæгъы ӕфсӕрмдзӕстыг Андрей.

Андрей «Антигона»-йы сӕххӕст кӕндзӕн сæйраг рольтæй иу — паддзахы фырты.

Зæринæ æмæ Андрей театры штатон кусджыты нымæцмæ бахиздзысты, театры ног бæстыхай куы скуса, уæдæй. Ног фæлтæр цæмæй Ирыстоны кусгæйæ баззайой, уый тыххæй уал сын мызд фыст цæуы президенты сæрмагонд фондæй.

Read more: http://sputnik-ossetia.com/reportage/20171114/5251770.html

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.