Лæгты æхсæв

Уaстырджийы бoнтæй иууыл кaдджындæр æмæ axaдæндæр уыдис бæрæгбоны фыццаг къуырийы дыццæгæхсæв — Уастырджийы æхсæв кæнæ Лæгты æхсæв. Ацы æхсæв Уастырджийы номыл кодтой кусарт, цыдысты кувæндонмæ æмæ куывтой Уастырджимæ. Цыфæнды мæгуыр æмæ цыбыркъух куы уыдаид ирон лæг, уæддæр ацы стырбон ма сарæзтаид, кусарт ма акодтаид, уый гæнæн нæ уыд. Ирон адæмы дин æмæ мифологийы бардуæгты æхсæн се ‘ппæты нымаддæр æмæ цытджындæр Уастырджи у. Уый у фæндаджы, нæлгоймæгты, хæстонты æмæ бæлццæтты бардуаг. Уый, дам, мæгуыр адæмы хизы фыдæй, алыхуызон æвзæргæнджытæй, дæлимонтæй, къæрныхтæй, лæгмартæй æмæ а. д. Æппынфæстаг уый у адæймаджы мæрдвæндаджы бардуаг дæр. Афтæмæй Уастырджи у ирон мифологи æмæ дины универсалон бардуаг. Уый дам-иу фыййауæн йæхи равдыста хуымæтæг фыййауы хуызы, мæгуыр, фæкæсынхъуаг тыхст лæгæн — мæгуыр фæндаггоны хуызы, цæмæй сын-иу баххуыс кодтаид. Ирæттæ кæрæдзийæн арфæ кæнынц: «Уастырджи — де ‘мбал, дæ аудæг!»

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.