Фoсдaрдимæ баст фæззыгон бæрæгбонтæм хауы Ичъына дæр. Кодтой йæ, фос-иу сæрдыгон хизæнтæй фæззæджы хæдзармæ куы скъæрдтой, уыцы афон, æмæ-иу уыд Фæззæджы Тутыры стырбоны хæдфæстæ. Йæ аразæн бон уыдис къуырисæр, стæмдæр хатт та — цыппæрæм кæнæ хуыцаубон. Раджы заманты Ичъына уыдис иумæйаг ирон стырбон, кодтой йæ Ирыстоны алы ран дæр, фæлæ йæ уæддæр иууыл парахатдæрæй кодтой Чеселтгомы, Æрыдоны, Æрæфы алыварс хъæуты. Ичъына вæййы рагвæззæгæй æрæгвæззæгмæ рахизыны рæстæджы, фосæлвынæн афон. Уый у фосдарыны культимæ баст стырбон.
ИЧЪЫНА
2 ноября, 2017 AdminGWP