Дауджытае

В пaнтeoнe дoxристиaнскoй рeлигии aлaн-oсeтин oсoбeннo упoтрeбитeльнo пaрнoe нaимeнoвaниe — «зaeдтae aэмae дaуджытae». Свoим прoисxoждeниeм эти тeрмины вoсxoдят к дрeвнeирaнскoму языку и oбoзнaчaют силу, смeлoсть, нeбeсныe силы.
К числу сaмoбытныx нaрoдныx прaздникoв oсeтин oтнoсится «Дaуджытae» Прaздник пoсвящaeтся покровителю хлебных злаков и урожая, и устраивается в честь завершения весенне-полевых работ и появления всходов зерновых.
В старину праздник «Дауджытае» особенно чтили в Джавском, Куртатинском, Алагирском и Дигорском ущельях, в которых он отмечался как в семейном кругу, так и в общесельском масштабе.
Каждый человек имеет своего ангела-хранителя, заед. Понятие небесный дух-дауаег употребляется у осетин в том же значении, что и «заед», между ними нет существенной разницы. Под термином «дауаег» скрывается не какое-то определенное божество, а весь сонм, а точнее, часть сонга небожителей. До наших дней сохранились названия «саеры заед», «хъаеуы заед», «быдыры а т. д. Каждая семья, населенный пункт имеют своего ангела «заэд», который просит у бога благополучия (ангел полей защищает поля от града, ливневых дождей и т. д.) Согласно суеверию, «заедтае и дауджытае» — подручные бога, его помощники При этом «заед» часто облачается в человеческую форму (имеет крылья, перемещается по пространству, не касаясь земли), чего нельзя сказать о «дауджытае». В адрес спокойного, уравновешенного человека осетины часто говорят «заэды хуызазн лаег».
Термины «заедтаэ», «яауд-жытаэ» не применимы к духам высшей категории (Уастырджи, Уацилла и др.)
Праздник Дауджытае широко празднуется в Осетии и в наши дни.
Йае хорззех уае уаент!

ДАУДЖЫТӔ
Ирон адӕмон бӕрӕгбонты ‘хсӕн ахсджиаг бынат ахсы Дауджыты стырбон. Уый дӕр нымад у, ирон адӕмы хӕдзарадон-культурон царды гуылфӕны чи равзӕрд, ахӕм сыгъдӕг ирон бӕрӕгбоныл, кӕнынц ӕй июны мӕйы. Иуӕй-иу этнографион ӕрмӕджытӕ куыд амонынц, афтӕмӕй Дауджыты стырбон ирӕттӕ арӕзтой хуымгӕрдӕнты-найгӕнӕнты заманы дӕр. Йӕ боныл Ирыстоны фылдӕр хъӕуты нымад цыдис дыццӕг. Дзо-магъгомы йӕ кодтой ӕнӕмӕнг хуыцаубоны. Дауджыты стыр-бон тынгдӕр зыдтой Цъалагомы, Къуыдаргомы, Куырттаты, Уӕлладжыры ӕмӕ Дыгургомы. Стырбоны куывд кодтой, куыд алчи хицӕнӕй, хӕдзары куывд, афтӕ ӕнӕхъӕн хъӕуӕй иумӕ дӕр. Дауджыты бӕрӕгбон цы бардуӕгты номыл арӕзтой, цахӕм динон нысан, функци йын уыд, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕм нӕй иу ӕмхуызон хъуыды. Г. Ф. Чурсин Дауджыты стырбон хоны бынӕттон, ома Кавказы равзӕргӕ бӕрӕгбон, фӕлӕ йын йӕ функцион нысан раст нӕ фӕлгъауы: хӕхтӕ ӕмӕ, дам, къӕдзӕхтӕн цыт кӕныны стырбон у42. Зӕрӕдты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Дауджыты стырбон арӕзт цыдис хор ӕмӕ тыллӕгӕрзады бардуаджы номыл, кӕнгӕ та йӕ кодтой уалдзыгон куыстыты фӕуд ӕмӕ хуымты фыццаг ӕвзарты фӕзынды цытӕн.
Алантӕм чырыстон дины агъоммӕ уӕларвон тыхты хуыд-той къӕйттӕ номӕй: зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ. Абайты Васойы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы дыууӕ дзырды цӕуынц рагон ирайнаг ӕвзӕгтӕй ӕмӕ нысан кӕнынц тых, уӕндондзинад, гӕнӕн ис, ӕмӕ нысан кӕной уӕларвон тыхтӕ дӕр43. Цымыдисаг у, ацы дыууӕ дзырдӕй хицӕнтӕй дӕр ӕмӕ иумӕ дӕр (зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ) ирон адӕм абон дӕр дзырд дзуаримӕ ӕмхуызон кӕй пайда кӕнынц, уыцы хабар дӕр. Дзырд дауӕг (дуаг) бӕрӕг бардуаг нӕ нысан кӕны, уый у уӕларвон тыхты, уӕларвон цӕрджыты иумӕйаг ном, уӕларвон цӕрджытӕ иууылдӕр иумӕ зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ сты. Ирон адӕммӕ ивгъуыд замантӕй абонмӕ ӕрцыдысты терминтӕ: хъӕуы зӕд, сӕры зӕд, быдыры зӕд ӕмӕ а. д. Бинонтӕй алкӕмӕн дӕр, алы хӕдзарӕн дӕр, алы хъӕуӕн дӕр, алы быдырӕн дӕр уыдис йӕхи зӕд. Зӕдтӕй чи кӕй кӕнӕ цӕй бардуаг уыдаид, уый-иу хъахъхъӕдта фыдӕй (быдыры зӕд хъахъхъӕдта хуымты)44. Адӕмы уырнынадмӕ гӕсгӕ, зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ сты Хуыцӕутты Хуыцауы дӕлбар, йе ‘ххуысгӕнджытӕ. Зӕдтӕн, дам, дауджытӕй хъауджыдӕр ис базыртӕ ӕмӕ арвы тыгъдады тӕхынц иу ранӕй иннӕ ранмӕ, зӕххыл не ‘рбадынц, афтӕмӕй. Сабыр, уӕздан адӕймагӕй ирӕттӕ фӕдзурынц: «Зӕды хуызӕн лӕг».

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.