ЦӔМӔН «ДЗЫРДДАГ» КӔНӔМ НАФИЙЫ ИНГӔН?

ЦӔМӔН «ДЗЫРДДAГ» КӔНӔМ НAФИЙЫ ИНГӔН?
Aфӕдз ӕмӕ ӕрдӕг рaцыдис нӕ нoмдзыд ӕмзӕxxoн Джусoйты Нaфийы фӕзианыл. Куыд зонӕм, афтӕмӕй, Нафи ныгӕд ӕрцыдис Цхинвалы сахарӕй Тъбеты хъӕуырдӕм ахизӕны бӕрзонд бынаты, цыран арӕзт ӕрцӕудзӕнис зындгонд ӕмӕ номдзыд адӕмы пантион. Йӕ амӕлӕты фӕдыл арӕзт ӕрцыдис паддзахадон къамис ӕмӕ уыдон равзӕрстой ацы бынат. Бынат развӕлгъау федтой Нафийы хотӕ дӕр ӕмӕ уыдон зӕрдӕмӕ дӕр фӕцыд. О, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ…..
Хъыгагӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ ингӕны алыварс цӕуы алыгъуызон быцӕу ныхӕстӕ, уыцы нымӕцы, социалон хызӕджы дӕр. Ӕмӕ, цынӕ хуызон ныхӕстӕ фехъусдзынӕ: цӕмӕн ӕй баныгӕдтой уыцы ран иунӕгӕй?; ӕнӕмӕг ӕй йӕ мады фарсмӕ хъуыд ныгӕнын; нӕ хицауады ыл хуымӕтӕджы цырт дӕр нӕ сывӕрдтой…
Нафийы цырт цы скульптор аразы, Бекойты Алан, уый мын ӕрӕджы афтӕ дзуры, чидӕртӕ дам мӕ фарстой, ӕцӕг дам ӕй Джусойтӕ сусӕгӕй скъахтой ӕхсӕвыгон ӕмӕ дам ӕй Къуыдармӕ аластой ныгӕнынмӕ?
Ӕмӕ та мӕнӕ ноджы абон Фейсбукъы фӕзынд йӕ ингӕны алыварс алыгъуызон ныхӕстӕ, уыцы нымӕцы, .. «Йае Фаедзаехст ын на хицауады схъаелтае нае бауагътой аххаесткаенын»….
Иуныхасӕй, Нафийы ингӕны алыварс абоны онг цӕуы бынтон ӕнӕбындур ныхӕстӕ ӕмӕ мӕ фӕнды уый тыххӕй цалдӕр ныхасы зӕгъын.
Фыццаджыдӕр мӕ зӕгъын фӕнды уый, ӕмӕ цы нӕ зонай, информаци дӕм куы нӕ уа, уӕд дзӕгъӕлы дзӕнгӕда цӕгъдын нӕ хъӕуы, уӕлдайдӕр, социалон хызӕджы.
Ацы фарстыл ма ӕз раздӕр дӕр фыстон. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, мӕнӕн уыцы бартӕ ис. Иуӕй уымӕн ӕмӕ Нафимӕ ӕввахс адӕймаг кӕй уыдтӕн, уый алчидӕр зоны, йӕ хо Клавӕ та мӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр фӕхоны, иннӕмӕй та, куыд йӕ мард бавӕрыны къамисы уӕнг, афтӕ мӕ хӕсыл нымайын, цӕмӕй уыцы дам-думты тыххӕй мӕ хъуыды зӕгъон.
Фыццаг. О раст у, Нафи кӕддӕр йӕ иу ӕмдзӕвгӕйы фыста, зӕгъгӕ, мӕ мадӕн уӕлӕуыл ӕмбӕлон лӕггад нӕ бакодтон ӕмӕ куы амӕлон, уӕд мӕ йӕ фарсмӕ бавӕрут, цӕмӕй йын мӕрдты бӕсты мӕ хӕс бафидон. Уыцы ӕмдзӕвгӕ камиссы уӕнгтӕй алчидӕр зыдта, ӕз нал дзурын йӕ ахуыргонд хо Клавдяйы тыххӕй. Фӕлӕ поэт йӕ ӕмдзӕвгӕты бирӕ цыдӕр хъуыдытӕ фӕфыссы ӕмӕ уый нӕ нысан кӕны ӕмӕ реалон хуызы ӕххӕсткӕнинаг сты. Уӕдӕ ма исчи афтӕ зӕгъӕд йӕ ӕввахс хицӕттӕй, кӕнӕ йӕ ӕввахс хӕлӕрттӕй ӕмӕ Нафи ӕцӕгӕйдӕр йӕхи йӕ мады цур ныгӕнын кодта. Йӕ уӕззау рынчыны рӕстӕджы, йӕ фӕстаг бонты йӕ фарсмӕ чи уыд, уыдонӕй иу ӕз уыдтӕн. Ӕмӕ ӕрмӕст ӕз нӕ уыдтӕн ахӕм адӕймаг. Иу ӕмӕ дыууӕ хатты йӕ фарсмӕ рынчынфӕрсӕг нӕ фӕбадтис нӕ абоны президент Бибылты Анатоли дӕр. Ӕмӕ дзы мах нӕ фехъуыстам, куы амӕлон уӕд иу мӕ мӕ мады фарсмӕ бавӕрут. Нӕдӕр йӕ хотӕн ныууагъта ахӕм фӕдзӕхст. Ӕмӕ уӕдӕ уынгты ӕмӕ социалон хызӕджы ахӕм мысӕггаг ныхӕстӕ кӕнын нӕ хъӕуы.
Нафийӕн Къуыдаргомы йӕ мады ингӕн кӕм ис, уырдӕм ахӕмтӕ чи фыссы ӕмӕ дзуры, уыдонӕй цӕугӕ дӕр ничи скӕндзӕнис, уӕлдайдӕр, йӕ гуырӕн боны, февралы мӕйы. Хуымӕтӕджы сӕ бон нӕ бауыдзӕнис. Афтӕмӕй та Нафийӕн йӕ мысӕн бонты йӕ ингӕнмӕ хъуамаӕ адӕм цӕуой ӕнцонӕй. Нафийы хуызӕн адӕймаг ӕрмӕст бинонты, кӕнӕ мыггаджы нӕ вӕййы, фӕлӕ ӕнӕхъӕн нацийы вӕййы. Ирон адӕмы зындгонд ӕмӕ номдзыд адӕмӕй, уыцы нымӕцы Хетӕгкаты Къоста, Абайты Васо, Плиты Иссӕ ӕмӕ ӕнд иу дӕр йӕ мады фарсмӕ ныгӕд не рцыдис, иуылдӕр ныгӕд сты Ирыстоны номдзыд адӕмы пантионты. Ӕмӕ уый тыххӕй цы?
Дыккаг. Уӕлдӕр ма куыд загътон, афтӕмӕй, Нафи ныгӕд кӕм ӕрцыд, уым уыдзӕнис зындгонд адӕмы пантион. Ахӕм пантионтӕ ис йӕ номдзыд адӕмӕн кад чи кӕны, уыцы адӕмтӕн. Ис ахӕм пантион Дзӕуджыхъӕуы дӕр, уымӕй дӕр дзы ис ӕртӕ. Ныры онг махмӕ ахӕм пантион нӕ уыд. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, къамисы уӕнгтӕ раст бакодтой, ацы бынат кӕй равзӕрстой, уымӕй. Бирӕ бынӕттӕ бабӕрӕг кӕныны фӕстӕ, Бибылылты Анатолийы инициативӕмӕ гӕсгӕ ӕрлӕууыдысты ацы бынатыл .
Уӕд ӕз марды фӕстӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ацыдтӕн. Цӕмӕй йӕ зонат. Нафи куы фӕзиан, уӕд ӕй Цӕгаты хицауад фӕнд кодтой Дзӕуджыхъӕуы номдзыд адӕмы пантионы баныгӕнын. Ахӕм фӕндоныл фыццаг разы уыдысты йӕ хотӕ дӕр. Бирӕ ныхӕсты фӕсты мӕнӕн бынтыст (ахӕм ӕххӕстбар мын уыд нӕ Президентӕй) , цӕмӕй сӕ сразы кодтаин ӕмӕ нӕ номдзыд ӕмзӕххон йӕ сыжыты хай ссардтаит ам, Хуссары.
Кӕронбӕттӕны. Знон, Нафийы хо Клавӕ ӕмӕ йын йӕ цырт чи сарӕзта, уыцы нывгӕнӕг Бекойты Аланимӕ бабӕрӕг кодтам Нафийӕн йӕ уӕлмӕрды, кӕцыран ныртӕккӕ цӕуынц куыстытӕ. Ацы къамты уӕхи цӕстӕй уынут ингӕн цы уавӕры ис, уый. Нафийы уӕлмӕрдыл цы комплекс арӕстӕуы, уый (Нафийӕн йӕхи цыртӕй дарддӕр) ӕнӕхъӕнӕй арӕст уыдзӕнис Карелийӕ ӕрласгӕ сау гранитӕй. Ацы къамы цы цырт уынут Нафийӕн, уый та ист у цырты скульптор Бекъойты Аланы ӕрмадзы дыууӕ къуырийы размӕ. Ныртӕккӕ Нафийӕ йӕхи цыртыл (уый та арӕзт уыдзӕнис бронзӕйӕ) куыстӕуы Дзӕуджыхъӕуы згъӕртайӕн ӕрмадзы ӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы ӕвӕрд ӕрцӕудзӕнис йӕ уӕлмӕрдыл. Ӕдыппӕт ацы куыстытӕн РХИ хицауад бюжетӕй рахицӕн кодтой 3, 5 милуан сомы. Уый тыххӕй социалон хызӕджы иуӕй-иутау фыссын нӕ хъӕуы «Хицауады схъӕлтӕ», фӕлӕ сын хъӕуы бузныг зӕгъын, Нафимӕ ахӕм зӕрдылдарӕн хорз ахасты тыххӕй. Нафи та йӕ ӕнусон бӕстӕй хӕрзмӕ аудӕт ӕппӕт ирон адӕмыл.

https://www.facebook.com/chelekhsaty

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.