Арфæйаг адæймаджы арфæйаг хъуыддæгтæ, кæнæ та фæндаг рухс бæрзæндтæм

Aдæймaджы цaрдвæндaг   мæм xaтт xoxы цъупмæ сxизыны xуызæн фæкæсы. Бирæ aзты дæргъы aдæймaг фæxизы уæлæмæ æмæ цaрды цaвæрдæр бæрзæндтæм куы сxæццæ вæййы, уæд æрлæууы, æмæ aкæсы фæстæмæ, йæ рaцæугæ фæндaгæн сaргъ кæныны тыxxæй. Фeны æмæ xaтдзæгтæ сaрaзы, уыцы фæндaгыл цæугæйæ йын цы бaнтыст сaрaзын, уыдoнæн. Йæ бoн свæййы aдæмы æмгaрдзинaд æмæ гaдзрaxaтдзинaдæн сaргъ кæнын дæр.

Кaрл Мaркс фыстa: «Зoнaды нæй уæрæx лæгъз, æнæ ныxдуртæй фæндaг æмæ æрмæстдæр axæм aдæймaгæн бaуыдзæн йæ бoн, зoнындзинæдты, цaрды бæрзæндтæм сxизын, кæцы зындзинæдтæй, фæллaйынæй нæ тæрсгæйæ фæцæуы, уыцы фæндaджы дурджын къaxвæндæгтыл». Мaрксы aцы ныxæстæ цымa мæ aбoны уaцы xъaйтaры цaрдвæндaджы тыxxæй зaгъдгoнд æрцыдысты, уыйaу уый дæр никуы фæтaрст зындзинæдтæй, цaрды зoнaды бæрзæндтæм xизгæйæ. Зoнындзинæдтæм йæ фæндaг тa нæ уыд уaрдитыл. Цыдæриддæр ын бaнтыст, уыдoн йæ къуxты бaфтыдысты йæ æвæллaйгæ куысты, йæxимæ критикoн цæстæнгaсæй кæй кaст, уый руaджы. Абон уый йæ 70-азы сæрты куы акаст, уæд ын ис, йæхицæй цæмæй раппæла, йæхицæй цæмæй бабуц уа, ахæм бирæ æнтыстытæ.

Кокойты Теймураз Исахъы фырт райгуырд 1946 азы 2-æм ноябры горæт Тбилисы. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Теймуразы фыдæлтæ Църуйы хъæуæй ралыгъдысты Знауыры районы Куатетрийы хъæумæ. Ацы хъæуы æрцæргæйæ, Теймуразы фыд Исахъ йæ цард баиу кодта хæдæфсарм сылгоймаг Гобозты Екатеринæимæ æмæ сын рацыдис хорз зæнæг — æртæ лæппу æмæ у чызг. Исахъ сæрæн лæг уæвгæйæ, 1938 азы хуыздæр цардагур цæрынмæ ацыд Тбилисмæ æмæ ацы горæты центры сарæзта дыууæ æддагуæлæ бæстыхай. Исахъ уыд уæздан, сæрыстыр адæймаг. Æппæт Знауыры зылды (æмæ æрмæст уым нæ) йæ ном зындгонд уыд, куыд Тбилисы цæрæг æмæ уазæгуарзон адæймаг, афтæ. Ирон тыхст адæмæй та бирæтæ æппæт дугты дæр сæ уæййæгтæ ластой Тбилисы базармæ æмæ мæгуыр адæймагæн та кæм уыд уазæгдоны æхца. Æмæ сын афтæмæй Исахъы хæдзар сси уазæгдоны хуызæн. Исахъ æмæ йе ‘мкъай Гобозон хионы лæггад кодтой, сæ къæсæрыл-иу цы ирон адæймаг æрбалæууыд, уыдонæй алкæмæн дæр, æдзух сæ къæбæр сæ армы дардтой, сæ ном дæр уымæн уыд хъуыстгонд æнæхъæн Ирыстоны. Кокойты бинонтæ хъæбулы лæггад кодтой, Тбилисы уæлдæр ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кодта, уыцы ирон студенттæн дæр. Бирæтæн-иу дзы материалон æххуыс дæр бакодтой. Профессор, ныртæккæ дзæнæты бадинаг Гæбæраты Никъала дæр сæ тынг райгонд уыд Кокойты бинонтæй. Уый дæр ахуыр кодта Тбилисы паддзахадон университеты филологон факультеты æмæ арæх уыд Кокойты Исахъы æмæ Екатеринæйы уазæг. Куыд дзырдта, уымæ гæсгæ-иу æй тынг сбуц кодтой æмæ йæ цæрæнбонты дæр нæ ферох Кокойты бинонты лæггад.

Теймураз тынг хорз нысæнттыл кæд Тбилисы 62-æм астæуккаг скъола фæци каст æмæ йæ бон уыд Тбилисы кæцыфæнды уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуын дæр, уæддæр æй йæ фыды фарн, йæ ирондзинад скъæфта Ирыстоны зæхмæ, æмæ йæм йæ миддуне дзырдта: «Кæд ирон   туг æмæ стæг дæ, уæд кæйдæр зæхх дæ къона куыд хоныс». Уымæй дæр æвзонг лæппу æрвылсæрд дæр йæ каникултæ æрвыста Куатетрийы йæ фыды æфсымæрмæ.

Кокойты Теймураз йæ дарддæры царды фæндаг скодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты биологи æмæ химийы факультетмæ. Институты ахуыр кæнгæйæ, ноджы тынгдæр фæбæрæг сты йе ‘взыгъддзинæдтæ ахуыр æмæ зонады куысты.   Ахуыры йын стыр æнтыстытæ кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ ныууагътой институты — биологи æмæ химийы кафедрæйы лаборантæй кусгæйæ.   Кокойты æвзыгъд лæппуйы ахуыр дарддæр йæхимæ æлвæста æмæ 1971 азы бацыд Тбилисы Пушкины номыл пединституты аспирантурæмæ, каст æй фæци æнтыстджынæй, рауад афтæ æмæ æмгъуыдæй раздæр бахъахъхъæдта   диссертаци дæр. Æрбаздæхт Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта пединституты биологи æмæ химийы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæгæй. Уæдæй фæстæмæ бындуронæй бавнæлдта канд ахуыр-хъомыладон куыстмæ нæ, фæлæ ма зонадон куыстмæ дæр. Егъау зонадон нысаниуæг ис йæ куыстытæн ботаникæ, экологи, филологи æмæ æндæр фадгуыты. Биологийы зонадон фадыджы йын стыр æнтыстытæ кæй ис, ууыл дзурæг сты, Мæскуы, Ленинград, Киев, Ашхабад æмæ æндæр горæтты зонадон конференциты хайад кæй иста, уыдæттæ дæр. Микроскопон зокъоты æстдæс хуызы цы зонадон куысты раргом кодта, уымæн ын скодтой стыр аргъ. Йæ зонадон куыст мыхуыр æрцыд Братиславайы (Чехословаки) зонадон журналы.

1980-1983 азты куыста Хуссар Ирыстоны æвзонг ахуыргæндтæ æмæ специалистты цæдисы сæрдарæй. Куысты стыр бæрндзинад кæй хæссы, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ институты кæй схызт æппæт къæпхæнтыл дæр — студентæй- биологи æмæ химийы лаборанты онг, лаборантæй та — кафедрæйы сæргълæууæджы онг (1989-1994), ацы бынатæй та — биологийы факультеты деканмæ (1985-1989), уырдыгæй та — университеты проректоры онг (2001-2003). 2003 азы та æвзæрст æрцыд   ХИПУ-йы ректорæй,   йæ царды æппæт дæр йæхæдæг йæ зондæй, йæ æвæллайгæ куыстæй къухты бафтын кæнгæйæ. Университеты ректорæй фæкуыста суанг 2013 азы онг. 10 азы университеты къухдариуæггæнæгæй кусгæйæ, йæ дæлбар ахуырадон уагдоны æрцыд бæрæг позитивон ивындзинæдтæ, фæзынд дзы ног факультеттæ. Коллективы æнгом кодта, йæ дæлбар кусджыты ‘хсæн тыдта хъæрмуддзинад, хæлардзинад. Университетæн йæ къухдариуæгады рæстæг æрхаудта уæззау гуырдзиаг-ирон хæсты азтæм, фæлæ Теймураз Исахъы фырт аккагæй æххæст кодта йæ хæстæ. Æппæт тыхтæй дæр архайдта, цæмæй дуджы вазыгджындзинад ма бандæвтаид университеты куысты, ахуыры æмвæзадыл æмæ йæ къухы æфтгæ дæр бакодта. ХИПУ-йæн уыцы рæстæджы бадзырдон бастдзинæдтæ уыд ахæм уæлдæр ахуыргæнæн уагдæттæ æмæ зонадон центртимæ, куыд Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, УФ-йы Зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центр, М. Ломоносовы номыл Мæскуыйы Паддзахадон университет, Арцахы университет (Хæххон Къарабах), Уралы паддзахадон экономикон университет, Ростовы паддзахадон базарадон-экономикон университет, Робер де Сорбонайы французаг университет æмæ æндæртимæ. Уæлдай хъармдæр ахаст дардта æмæ дары студентон фæ-сивæдмæ. Университеты дарддæр дæр уæвынад кодтой легендарон клуб «Аполлон», «Литературон уазæгдон», зонадон студентон клуб «NoveI bend», фольклорон кафты ансамбль, КВН-ы командæ. 2007 азы Теймуразы   хъæппæрисæй мыхуыры цæуын райдыдта студентон газет «Сомбон». Ацы газеты руаджы журналистикæйы факультеты студенттæн фадат фæзынд практикæйы газетон хъуыддаджы теоретикон зонындзинæдтæ исын æмæ фидардæр кæнынæн. Кокойты Теймураз ректорæй куы куыста, уæд уæлдай хъусдард здæхта ирон филологийы факультетмæ, национ æвзаг гъæдджындæрæй ахуыр кæныны тыххæй.

Æппæт йæ ахуыр-хъомыладон æмæ зонад-иртасæн куыстытæн ын стыр аргъ скодта Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæр Аттестацион къамис æмæ йын 2005 азы 26-æм декабры лæвæрд æрцыд профессоры кадджын ном. 2006 азы йын Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад та   саккаг кодта «РХИ-йы сгуыхт зонадон архайæг»-ы кадджын ном. Хорзæхджын æрцыд РХИ-йы Хæлардзинады орденæй æмæ æндæр паддзахадон хорзæхтæй.   Кокойты Теймураз у биологон зонæдты кандидат, профессор, Арцахы паддзахадон университеты кадджын доктор, цардуагон архайды экологи æмæ æдасдзинады дунеон академийы зонæдты академик (МАНЭБ), М.В.Ломоносовы номыл Мæскуыйы паддзахадон университеты цур бындурон библиотекæйы интеллектуалон клубы æцæг уæнг. Уый ма у 92 публикацийы автор, уыцы нымæцы 9 монографи, 4 ахуыргæнæн чиныджы, 4 æххуысчиныджы автор. Уый æрвылаз дæр къухдариуæггæнæджы хуызы хайад райсы Уæрæсейы гуманитарон фонды æмæ РХИ-йы Ахуырады министрады иумиаг дунеон конкурсы.

Ныртæккæ Теймураз Исахъы фырт лæууы биологийы кафедрæйы сæргъ, афтæ ма у ХИПУ-йы медикон-биологон иртасынæдты лабораторийы сæргълæууæг дæр. Фæстаг цыппар азы профессор куыста биологи æмæ медицинæйы фæдыл уырыссаг-ирон дзырдуат саразыныл æмæ ацы къабазы йæ мадæлон æвзаг фæхъæздыгдæр кæныны бæллиц йæ къухты бафтыд. Мыхуыры рацыдысты йæ дзырдуаты дыууæ томы. Ацы аз 14-æм октябры РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды Барамындæй Кокойты Теймуразæн лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон преми йæ чиныг «Биологи æмæ медицинæйы уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуат. Неологизмтæ æмæ терминты системæ»-йы тыххæй. Ацы чиныгмæ автор бахаста 2000 терминтæ-неологизмтæ æмæ 3660 бæрц та — зайæгойты, цæрæгойты æмæ микроорганизмты хуызты нæмттæ. Преми дæттыны цытджын церемонийы рæстæджы лауреат фехъусын кодта, зæгъгæ, цæттæ у ацы премиалон фæрæзты æмбис горæт Цхинвалы Кады къул саразыны фæдыл проект среализаци кæныны тыххæй ахынцынмæ, цыран уаиккой Ирыстоны зонад æмæ культурæйы зынгæ архайджыты нæмттæ. «Уым фыццаджыæр кадджын бынат бацахсиккой Джыккайты Шамиль æмæ Гобозты Валери», — банысан кодта уый.

Кокойты Теймураз йæ ацы фæндон кæй фехъусын кодта, æрмæст уымæй дæр бæрæг у йæ радтæг адæмæн исты хорзы бацæуын, исты балæггад кæнын, уымæн уæлдæр кæй лæууы йæ хисæрмагонд интерестæй. Ныртæккæйы уæззау дуджы ахæм хæрзаудæн къахдзæф саразын йæ бон бауыдзæн, æрмæстæдр йæ радтæг адæмы æцæг уарзтæй чи уарзы, уымæн. Теймураз кæд хорзæхджын у бирæ паддзахадон хорзæхтæй, уæддæр ныр йæ иууыл стырдæр хорзæхыл нымайы, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон преми йын кæй саккаг кодтой, уый. 50 азæй фылдæр æнувыдæй лæггад кæны йæ равзаргæ профессийæн. Уыцы азты дæргъы уый цал æвзонг адæймагæн бацамыдта йæ зонындзинæдтæ, уыдон сты мингæйтæ.

Кокойты Теймуразæн   национ идея бæрзонд æмвæзадыл кæй у, уый бæрæг у мæнæ йæ иу ахæм мийæ дæр. Цæвиттон,   2011 азы   Сирийы ирон диаспорæ Албегаты Хишамы сæргълæудæй фыстæг ныффыстой РЦИ-Аланийы къухдариуæгадмæ, цæмæй сириаг ирæтты иу къорды уæддæр æрцæрын кодтаиккой Цæгат Ирыстоны. Ацы фыстæджы фæдыл 2012 азы Кокойты Теймураз фыстæг арвыста Сиримæ, йæ мидисимæ уæ базонгæ кæндзыстæм цыбыртæй: «Цытджын Албегаты Хишам! Ирыстоны алы ирон адæймагæн дæр йæ зæрдæ риссы æмæ лæмбынæг йæ хъус дары, Сирийы фæстаг рæстæджы цы политикон цаутæ цæуы, уыдонмæ. Хъыгагæн, цы фыстæг æрбар-выстат 2011 азы РЦИ-Аланимæ, уый махæн нæ къухты æрæгмæ бафтыд. Куыддæр фыстæджы мидисимæ базонгæ стæм, афтæ мах нæ хæсыл банымадтам, цæмæй нæ хотæ æмæ не ‘фсымæрты фарсмæ балæууæм. Риссы нæ уд уæ зын уавæрыл. Хуссар Ирыстоны ирæттæ сæхиуыл бавзæрстой хæсты дудгæбæттæ. Нæ университеты къухдариуæгад уæ фарсмæ лæууы æмæ райсдзæн цалдæр студенты ирон филологийы факультетмæ, афтæ æндæр факультеттæм дæр, сифтонг сæ кæндзæн æмдзæрæндонæй, сараздзæн сын хорз уавæртæ. Уымæй дарддæр ма райсдзæн цалдæр бинонты, цæмæй æрцæрой сæ райгуырæн зæххыл».

Теймуразæн ис хорз бинонтæ, йæ цардæмбал Джиоты Циалæ у ХИПУ-йы æрдзон зонæдты æмæ психологийы факультетты декан. Схъомыл кодтой æмæ раст фæндагыл бафтыдтой сæ дыууæ хъæбулы — Макъа æмæ Георгийы. Дыууæ дæр райстой уæлдæр ахуырад æмæ абон кусынц бæрнон бынæтты, ис сын хъæбултæ дæр.

Ирон æмбисонд афтæ у, фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, зæгъгæ. Исахъ дæр йæ фарн ныууагъта йæ фырт Теймуразæн æмæ абон дæр уыцы фарн тауы йе ‘ввахс адæмыл, йæ хæлæрттыл, йæ коллегæтыл. Арфæйаг æмæ саламдæттаг адæймаг ноябры райдианы банысан кодта йæ юбилейон райгуырæн бон æмæ йын мах цæст дæр   бауарздзæн, цæмæй ма уыцы фарн æмæ уарзондзинад бирæ азты дæргъы тауа йе ‘ввахс адæмыл, йæ хæлæрттыл. Хуыцау зæгъæд!

Джиоты Екатеринæ

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.