«Амыран»-ы рухс тавы аивадуарзджыты зæрдæтæ

20 aзы рaцыдис сaтирæйы фæсивæдoн тeaтр-студи «Aмырaн»-ы руxс куы ссыгъд, уымæй фæстæмæ. Уæдæй абонмæ уый йæ фæлмæн, хъарм тынтæй тавы аивадуарзджыты зæрдæтæ, хæссы сын цин æмæ æхцондзинад, юмор æмæ сатирæйы фæрцы фæсивæды  'ргом  'здахы ирон адæмы удварны хæзнатæ бахъахъхъæнынмæ.

Сфæлдыстадон коллектив райгуырд Хæххон хъæууон-хæдзарадон университеты фæрнæйдзаг къонайы æмæ æрбангом кодта «Студентон уалдзæджы» архайджыты. Конкурсы авналæнтæ сын сæ домæнтæн дзуапп куы нал лæвæрдтой, уæд сæвзæрыд студи саразыны хъуыды.

Афтæмæй 1997 азы сусæны мæйы 7-æм бон «Амыран» йæ фыццаг концерт «Зæды къалиутæ» радта Суададжы.

Уал азмæ театры цæттæгæнæн студийы архайдта 300 æрыгон адæймагæй фылдæр, фæлæ уæддæр йæ бындурæвæг артисттæ абоны онг сæ курдиатæй удæнцой хæссынц аивадуарзджытæн, чысыл рæстæгмæ сын ферох кæнын кæнынц сæ тыхстдзинæдтæ, фæхудын сæ кæнынц сæ худинæгтыл æмæ сын радтынц сæ цардмæ æддагоны цæстæнгасæй бакæсыны фадат.

Театры директор Сидахъаты Дзамбулаты ныхæстæм гæсгæ, «Амыран»-ы артист суæвыны тыххæй æнæмæнг стыр курдиаты хицау хъуамæ ма уай. Сæйрагдæр хъæуы хиуыл кусын æмæ бирæ фæллой кæнын, уæд къухы бафтдзæн æнтыстдзинæдтæ.

Хъæлдзæг концерттæ æмæ хиирхæфсæн программæтæ саразыныл артисттæ фæкусынц иумæйагæй. Дзамбулат куыд загъта, афтæмæй æппæтæй зындæр вæййы цавæрдæр истори æрхъуыды кæнын. Уый та аразгæ у артистты фиппаинæгтæй. Сæ царды мидæг цы хъæндзинæдимæ фембæлынц, уый, стæй адæмы æвзæрдæр миниуджытæ рахæссынц аивадуарзджыты размæ æмæ сын сатирæйы æвзагæй пайда кæнгæйæ бамбарын кæнынц хорз æмæ æвзæр цы у, уый. Бирæ фиппаинæтæ æмæ хъуыдытæ сæ сахатмæ фенхъæлмæ кæсынц дæргъвæтин рæстæг, фæлæ Дзамбулат йæ зæрдæ дары, адæм сæ уæддæр кæй фендзысты, ууыл.

Театры 20 азы юбилеймæ та артисттæ бацæттæ кодтой Стивенсоны уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектакль. Дзамбулат куыд загъта, афтæмæй бирæ хъуыды кодтой, аивадуарзджыты размæ цавæр æрмæг рахæссой, ууыл æмæ равзæрстой «Хæзнаты сакъадах». Фæлæ фыццаджыдæр, уацмыс хъуыдис ирон æвзагмæ ратæлмац кæнын æмæ уыцы хæс йæхимæ райста тетры сфæдыстадон разамонæг Лазарты Таймураз.

Тæлмацгæнгæйæ-иу Таймураз къуылымпытæ куы æййафта, уæд пайда кодта канд уырыссаг нæ, фæлæ ма англисаг текстæй дæр. Афтæмæй йæ къухы бафтыд æнтыстдзинæдтæ.

Спектакль сценæйы сæвæрдта режиссер Цæгæраты Руслан, музыкæ та йын ныффыста Махъоты Ацæмæз. Хæстытæ æвæрæгæй æрбахуыдтой æрыгон актер Пæррæстаты Владимиры. Нæ республикæйы театрты бирæ куыст кæй уыд, уый тыххæй сын декорацитæ сарæзтой Кæсæг-Балхъары, костюмтæ та скодта Вахтанговы номыл уырыссаг академион театры нывгæнæг Светлана Володина.

Сидахъаты Дзамбулаты ныхæстæм гæсгæ, «Хæзнаты сакъадах» хъуамæ фыццаджыдæр цымыдисдзинад сæвзæрын кæна хистæркъласонтæм æмæ уый тыххæй сфæлдыстадон къордæн йæ сæйраг хæс уыд спектакль афтæ саразын, цæмæй скъоладзаутæ баууæндой сценæйы цы архайд цæуы, ууыл æмæ бамбарой, пират хъæлдзæг хъайтар нæ, фæлæ фыдгæнæг кæй у, уый.

«Хæзнаты сакъадах» у «Амыран»-ы дыккаг спектакль, амæй размæ та Гоголы уацмысмæ гæсгæ сæвæрдтой «Женитьба». Уæд дæр йæ режиссер уыд Цæгæраты Руслан.

«Амыран» йæ аивадæй рухс кæны канд Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ ма районты цæрджыты зæрдæтæ дæр. Гастролты вæййы Хуссар Ирыстоны дæр. Дзамбулат куыд загъта, афтæмæй Цхинвалы аивадуарзджытæ сæ зæрдæмæ хæстæгдæр исынц арф хъуыды кæмæн ис, ахæм æрмæджытæ æмæ артисттæ сæ программæ саразынц уый хынцгæйæ. Ахонынц сæ не  'мзæххонтæ фылдæр кæм цæры, уыцы горæттæ Мæскуы æмæ Санкт-Петербургмæ дæр. Фæлæ сæ авналæнтæ къуындæг кæй сты, уый тыххæй нæ бæстæйы сæйраг горæттæм арæх цæуын сæ къухы нæ бафты.

«Амыран» архайы фæсивæды  'ргом театралон аивадмæ раздахыныл æмæ сын ирон æвзаг бауарзын кæныныл дæр. Фарон театр фыццаг хатт расидт конкурс «Амыраны рухс» æмæ дзы архайдта мин сывæллоны бæрц.

«Зыдтам æй, районты скъолаты театралон къордтæ кæй ис, уый, фæлæ афтæ бирæ кæй сты, уый æнхъæл нæ уыдыстæм», — дзуры Дзамбулат.

Районтæн сæхи мидæг дæр хъуыдис конкурс аразын æмæ иуæй-иу рæтты скъоладзаутæ кæрæдзиимæ ерыс кодтой дыууæ боны дæргъы. Алы къордæн дæр йæ программæ фæхуыздæр кæнынæн æххуыс кодтой театры артисттæ.

Дзамбулат куыд зæгъы, афтæмæй конкурсы архайгæйæ сфæлдыстадон къордты разамонджытæ пайда кодтой хъуыстгонд ирон фысджыты уацмыстæй æмæ сæ сывæллæттæн хуымæтæджы нæ кастысты, фæлæ сын архайдтой сæ арф хъуыды бамбарын кæныныл.

«Афтæмæй æххæстгонд цæуынц цалдæр хæсы – иуæй скъоладзаутæ бауарздзысты аивад, иннæмæй та зонгæ кæндзысты ирон фысджыты сфæлдыстадимæ æмæ ахуыр кæндзысты сæ мадæлон æвзаг», — дзуры Дзамбулат æмæ йæ зæрдæ дары, конкурс æрвылазон кæй суыдзæн, ууыл.

Афтæ, 2018 азы конкурс «Амыран рухс» саразынæн, театр 300 мин сомы грант рамбылдта фæсивæдон форум «Машук»-ы.

Театр «Амыран»-æн стыр аргъ чи кæны, уыцы аивадуарзджытæн артисттæ бацæттæ кодтой æхсызгон лæвар. 25, 26 декабры сын равдисдзысты спектакль «Хæзнаты сакъадах»-ы премьерæ, 27, 28 декабры та программæ «Худæгыл ахудæм».

29 декабры сфæлдыстадон коллектив сбæрæг кæндзæн йæ юбилей æмæ дзы фенæн уыдзæн театры хиирхæфсæн программæтæй хуыздæр скъуыддзæгтæ.

Зæрдæ дарæн ис, фæсивæдон театр «Амыран» йæ фидæны фæндагыл фидар къахдзæфтæй кæй цæуы, ууыл. Уымæн æвдисæн у актертæн сæ удты цы курдиаты арт судзы, уымæй театрдзауты куыд æнæвгъауæй æмæ æхсызгонæй фæхай кæнынц æмæ сын аивадуарзджытæ дæр стыр аргъ кæй кæнынц, уый.

 

Тамара 15-Хутугова

 

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.