Æмæ зарæг айхъуыст

Aдæмoн зaрæггæнджыты къoрд «Уaцaмoнгæ» кæд нырмa ирoн музыкaлoн аивады фыццаг къахдзæфтæ кæны, уæддæр ныридæгæн нæ дзыллæйы зæрдæтæм ссардта фæндаг.

Æрæджы æрыгон артисттæ аивадуарзджыты зæрдæтæ барухс кодтой сæ зарджыты фыццаг альбомæй. Хаст æм æрцыд цыппæрдæрс уацмысы, се *ппæт дæр ист сты ирон адæмы фольклорæй. Йæ рауадзынмæ сæм фæкаст Битарты Алексей (DJ Алекс). Битары-фырты фæрцы сæ къуыхы бафтыд сæ фыццаг клип сисын дæр.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, æрдзон куырдиатæн дуры бын дæр нæй бамбæхсæн. Афтæ рауад ансамбль «Уацамонгæ»-йы архайджыты хъысмæт дæр. Сæ фылдæрмæ нæй музыкалон ахуырад, фæлæ сын æрдзæй цы курдиат лæвæрд ис, уый йæхицæн фæндаг гæрды.

Хадыхъаты Аланæ æмæ Биазырты Георги ахуыр кодтой Аивæдты лицейы, арæх-иу уыдысты Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспекты ирон хъазтизæры. Уым базонгæ сты Чихауиты Георги æмæ Битарты Фидаримæ. Цыппар хæлары сæ кæрæддзи уайтагъддæр бамбæрстой. Афтæмæй адæмон зарджытæ зæлыдысты æрмæст фæсивæды хъазтизæры нæ, фæлæ ма студентты уалдзыгон æркастыты æмæ алыхуызон фæсивæдон конкурсты.

Афтæ сæ цыбыр рæстæгмæ ирон зарæг йæ базыртыл систа. Фæстæдæр фæсивæдон форум «Ног Фæлтæр»-ы архайгæйæ базонгæ сты Хæххон металлургон институты студент Хъуысаты Сосланимæ. Разынд алæмæты хъæлæсы хицау æмæ ссис сæ къорды ног уæнг. Сослан йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй институты райста аразæджы дæсныйад, фæлæ адæмон зарæг йемæ æмдзу кодта йæ райгуырдæй фæстæмæ. Схъомыл Заманхъулы, уым кæй зæгъын æй хъæуы, арæх хъуыста ирон зарджытæ. Уыд скъолайы, уый фæстæ та институты зарæггæгнджыты къордты уæнг. Æрвылаз архайдта студентты уалдзыгон аркасты æмæ иу дзы йæ арæхстдзинадæн скодтой стыр аргъ. Афтæ къорды иннæ уæнгтæ дæр — алчидæр сæ ирон зарæгмæ уардзондзинад рахаста йæ бинонтæй.

Æрыгæтты тыхджын хъæлæстæ нæ адæмæн систы уарзон æмæ зæрдæмæдзæугæ. Сæ фарсмæ балæууыдысты ирон культурæ æмæ историйы рæзтыл чи тыхсы æмæ архайы, ахæм хистæртæ. Фыццаг рæстæг къордæн нæ уыд репетицитæгæнæн бынат. Уæд сæ хæларзæрдæйæ йæ æрмадзы суазæг кодта ирон уадындзгæрзтæ аразæг Деметы Заур. Уый фæстæ та сæ фысым сси Национ бибилотекæ.

Нæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæууæг Цæлыккаты Борисы æххусæй «Уацамонгæ» 2016 азы архайдта фæсивæдон форум «Машук»-ы. Сæ проект нымад æрцыд хуызæрыл æмæ Ирыстонмæ æрбаздæхтысты уæлахизимæ. Проекты программæ гæсгæ Цæгат Кавказы сæйраг сахарты скодтой фестиваль «Маршрут дружбы». Уæдæ сæ къухы бафтыд ирон уæлæдарæс бахуйын дæр. Сæ алы къахдзæф дæр уыд ахадгæ æмæ бæлвырд нысанимæ. Архайдтой Екатеринбурджы культурон проект «Дельфийские игры-2017»-ы. Уырдыгæй дæр ссыдысты уæлахизимæ. Фæстæдæр сæ аивадимæ базонгæ кодтой Мæскуыйы æмæ Лабæйы цæрæг ирон адæмы, стæй Хуссар Ирыстоны цæрджыты. Сæ фыццаг концерт та сарæзтой фарон Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы. Уæд зарæггæнджытæ зæрдæхæларæй сæмбæлыдысты сæ къорды æхсæзæм архайæг Хуадонты Мæхæмæтимæ дар.

Ансамбль «Уацамонгæ» æнæзивæгæй архайы нæ республикæйы алы культурон мадзæлтты. Сæ репертуары сты ирон сфæлдыстады хъайтарон æмæ хъæлдзæг зарджытæ, куывдтытæ æмæ кадджытæ. Фæсивæды минæвæрттæ сæхæдæг куыд загъынц, афæтæмй сæ размæ сывæрдтой нысан — нæ адæмы фольклор парахат кæнын, йæ хъæздыгдзинад æмæ сусæгдзинæдтимæ йын бирæ дзыллæты базонгæ кæнын.

Ныртæккæ къорд ис Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы дæлхай. Сæ аивадон разамонæг у филармонийы адæмон уадынгæрзты оркестры аивадон разамонæг æмæ дирижер Ходы Олег. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, къорд нæ фыдæлты хъайтарон æмæ историон зарджытæ кæй кæны, уый у вазыгджын æмæ ахсджиаг хъуыддаг.

«Уацамонгæ» парахат кæны нæ адæмы сфæлдыстады сæйраг хæзна — ирон хъайтарон зарджытæ. Къорд исты бæрæгбоны куы фæархайы, уæд æм фæсивæд хъусыныл фæвæййынц. Нырмæ хъайтарон зарджытæ, уыдон хъуыстой хистæр кары минæвæрттæй. Фæлæ сæ разы сæхи кары фæсивæд куы фенынц, уæд зæрæг бынтон æндæр хуызы исынц сæ зæрдæтæм. Фыццаг хатт сæм цы æрыгон фæсивæд фæхъуысы, уыдон сын уый фæстæ арæх æрбацæуынц сæ репетицитæм. Мæ зæрдæ сын зæгъы стыр æнтыстдзинæдтæ, æмæ сæ размæ цы нысантæ æмæ бæллицтæ разæнгард кæнынц, уыдон сын аивады фарны фæндагыл ма бамынæг уæнд, уый. Æхсызгон мын у, курдиатджын фæсивæды фарсмæ хистæртæ дæр кæй балæуынц, уый. Ис сæм фæндтæ, нысантæ æмæ сæ къухы æнæмæнг бафтæнд», — загъта Олег.

Ходы-фырты ныхасмæ гæсгæ къорды уæнгтæй алчидæр фыццаджыдæр ирон культурæ, ирон æгъдау æмæ музыкалон аивадмæ уарзондзинад рахаста йæ бионтæй, йæ уарзон хъæубæстæй. Музыкалон ахуырад сæ кæмæ нæ уыд, уыдон та ныр сæхиуыл æнувыдæй кусынц.

Ныртæккæ «Уацамонгæ»-йы архайджытæ сæхи цæттæ кæнынц сæ фыццаг альбомы презентацимæ. Зæрдæрайгæйæ куысынц, 2 апрелы Ирон театры сценæйы сын оркестримæ цы концерт уыдзæн, уымæ. Уый фæстæ сæ нысан у скæнын сæ дыккаг сæрмагонд концерт. Сæ зæрдæты ис бирæ фæндтæ, сæ размæ сывæрдтой дзæвгар нысантæ æмæ сын зæгъæм стыр æнтыстдзинæдтæ.

 

Томирис 15-Æлборты

 

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.