Стрит-Арт. АМ ИРОНАУ ДЗУРЫНЦ

Мæ кæстæртæм!

Мæ зæрдæ риссы, нæ мaдæлoн æвззaджы хъысмæтыл куы ахъуыды кæнын уæд. Куыстуæтты æмæ æхсæнадон æмбырдты нæ, фæлæ ма хæдзары, бинонты хсæн дæр тæссаг раны бахауд. Хъуамæ алчи дæр æмбара: æвзаджы фесæфт у – адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм. Фæдисы хъæр: не ‘взаг бахъахъхъæнæм, бавæрæм! Æппæты фыццаг – хадзары мидæг, бинонты хсæн. Алы хæдзары къулыл дæр хъуамæ фыст уа егъау дамгъæтæй:

“АМ ИРОНАУ (ДЫГУРОНАУ) ДЗУРЫНЦ”.

«Моим младшим!
Мне больно, когда думаю об участи нашего родного языка. Его место не только в служебных кабинетах и на собраниях, но и в быту, в кругу семьи внушает опасения. Гибель языка есть гибель народа — это должен понимать каждый. Нет языка — нет народа. Бью тревогу и взываю: защитим, сохраним наш язык! Прежде всего — дома, в семье. В каждом доме на стене должен висеть плакат, написанный крупными буквами:
ЗДЕСЬ ГОВОРЯТ ПО-ОСЕТИНСКИ!»

Бузныг Цхуырбаты Джинойæн æмæ Гæбæраты Сæрмæтæн
Уæ къухтæ фæрнæй фæдарут!

Джиоты Коста

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.