Республикæ Алани æви РЦИ-Алани?

13 фeврaлы Дзæуджыxъæуы уыд нaукoн-прaктикoн сeминaр «Рeспубликæ Цæгaт Ирыстoн — Aлaнийы нoм aивыны истори æмæ дарддæры нысанты тыххæй». Арæзт æрцыд РЦИ — Аланийы Æхсæнадон палатæйы национ политикæ, наукæ, ахуырад, культурæ æмæ монон бынты фарстаты фæдыл къамисы хъæппæрисæй.

Дзæвгар рæстæг Хуссар Ирыстоны ныхас цæуы, цæмæй республикæйы номы æрцæуой ивддзинæдтæ. Республикæйы Президент Тыбылты Леонид загъта, цæмæй 9 апрелы уа референдум, æмæ бæстæйы Конституцимæ бахæссой ивддзинæдтæ, æмæ дарддæр хуынд цæуой Алайнаг Паддзахад. Цæгат Ирыстоны дæр уыцы рæстæг экспертон æхсæнады минæвæрттæ æмархайд кæнынц, цæмæй РЦИ-Алани ивд æрцæуа Республикæ Аланийæ. Уыцы хъуыддаджы фæдыл семинары архайдтой политиктæ, истори иртасджытæ, æхсæнадон æмæ дины архайджытæ, культурæйы минæвæрттæ. Æмбырд райдыдта историон наукæты доктор, профессор, РЦИ-Аланийы Истори æмæ археологийы институты директор Бзарты Русланы раныхасæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, республикæйæн раздахын хъæуы йæ рагон ном — Алани. Хъуыддаджы фæдыл сæ хъуыдытæ загътой ахуыргæндтæ Хъаныхъуаты Зæлинæ, Назим Гиджрати æмæ Мамиаты Михал. Йæ раныхасы Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Леонид фæнысан кодта, Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны номæй Мæскуы æмæ Уæрæсейы Патриарх Кирилл абоны Ирыстоны цæрæг ирæтты кæй нымайы астæуккагæнусон Аланийы фæдонтыл, æмæ уый бæрæг кæй дары епископы абоны титулыл дæр. У Дзæуджыхъæуккаг — Алайнаг епископ. Кæронбæттæн хатдзæгтæ скодта РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Бокоты Эльбрус. Загъта, ныхас хъуыддагæй кæй сæххæст кæнын хъæуы, уый.

 

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.