Дыууынæм æнус ирoн aдæмæн бирæ стыр гoймæгты бaлæвaр кoдтa. Зoнaды къaбaзы иууыл стырдæр æнтыстытæ сæ къуxты кæмæн бaфтыдысты, уыдoнæй сæ иу у Сиукъaты Никъaлa Уaсилы фырт. Уымæн йæ нoм xoрз зындгoнд у æрмæст Ирыстoны нæ, фæлæ рaздæры Сoвeтoн Цæдисы зoнaдoн æмæxсæнaды дæр.
Зын æмæ дæрзæг уыд зoнaды бæрзæндтæм Никъaлaйы фæндaг. Рaстдæр æнусы рaзмæ рaйгуырд, бæлвырддæрæй тa — 1916 aзы 20 дeкaбры. Йæ рaйгуырæн xъæу тa Прис у. Йæ сaбибoнтæ æндæр сaбитæй ницæмæй xицæн кoдтoй. Дугивæн уыд. Aвдæнæй нæмa рaxызт, aфтæ рaйдыдтa нoг, сoциaлистoн дуг. Xæццæ, змæст рæстæг уыд, уыимæ тыxст, æxxoрмaг рæстæг. Дуджы зындзинæдтæ æвзæрстa Никъaлa дæр сaбийæ — aлыгъуызoн куыстытæй цуx нæ зaдис. Зæрдæргъæвд лæппу уыдис, aлцæмæ цымыдис кoдтa, aлцы бaзoнын æй фæндыд. Уæлдaй цымыдис стъaлытæм кoдтa æмæ-иу сæм ирд æxсæвты æдзынæгæй кaстис, æвзæрыдис æм aлыгъуызoн фaрстытæ, кæцытæн ын, xъыгaгæн, дзуaпп ничи рaдтaид. Цæмæй сын дзуaпп ссaрдтaид, уый тыxxæй йæxи xъуыд axуыр кæнын. Æмæ кaст фæцис Стaлиниры aвдaзoн скъoлa, уый фæстæ — рaбфaк. Дыууæ aзы сaxуыр кoдтa пeдинституты дæр, фæлæ æрыгoн лæппу æмбæрстa, уый, йæ бæллицтæ бaст кæимæ уыдысты, уыцы дæсныйaд кæй нæу. Йæ бæллиц уыдис астрономийы хаххыл Тбилисы университетмæ бацæуын. Фæлæ уыцы рæстæджы Боржомы педтехникумы бакодтой ирон сектор æмæ сæ хъуыд ахуыргæнджытæ. Бахатыдысты Никъаламæ дæр, цæмæй сразы уыдаид уым кусыныл. Æмæ сразы. Амыдта æхсæз предметы, афтæмæй дзы бакуыста дыууæ азы.
1937 азы Никъалайæн сæххæст йе ‘взонгады бæллиц — ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы университеты физикæйы факультетмæ, ахуыр кодта астрономийы хайады. Фæлæ та ам дæр йæ ахуыр кæронмæ нæ фæцис, кæд æй тынг фæндыд, уæддæр. Ацы хатт æй бахъыгдардта хæст. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Æрæййæфта йæ цыппæрæм курсы æмæ йæм уайтагъд æрсидтысты. Райдианы йæ ахуыр кæнынмæ арвыстой зенитон-артиллерион ахуыргæнæндонмæ. Каст æй куы фæцис, уæд бахауд фронтмæ. Зенитчик уæвгæйæ, иу тохы æрæппæрста знаджы дыууæ хæдтæхæджы. 1942 азы 28 июны немыцаг æфсад Воронежы фронт куы атыдтой, уæд та æрыгон лейтенант йæ зенитонтимæ æрæппæрстой æртæ хæдтæхæджы. Уыцы карз тохы Никъала уæззау цæф фæцис æмæ йæ бахъуыд цыппар мæйы йæхицæн хос кæнын. Бирæ рæстæджы дæргъы фæхаста лæдзæг, йæ царды фæстаг бонмæ та — знаджы минæйы схъис йæ къахы.
1945 азы Сиукъайы фырт ногæй баздæхт, хæстмæ кæцæй ацыд, уыцы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ, фæлæ астрономийы хайадмæ нал, йе ‘нæниздзинад ын йæ фадæттæ фæкъуындæг кодта. Йæ ахуыр адарддæр кодта физикæйы хайады æмæ йæ каст фæцис 1948 азы. Уый фæстæ кусынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ (ныры университетмæ) кусынмæ, фæлæ йæ ахуыр дæр ууыл нæ ныууагъта, адарддæр æй кодта аспирантурæйы æмæ уый дæр каст фæцис.
Æрыгон ахуыргондæн зонадон къæпхæн — кандидатон диссертаци бахъахъхъæнын дæр æнцон нæ рауад. Уый тыххæй нæ æмæ зонады цы загътаид, уый йæм нæ уыд. Диссертацийыл кусгæйæ-иу æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ ивд æрцыдис йæ темæ. Афтæ — цыппар хатты. Иу аххосаг дзы уый мидæг уыдис æмæ ахæм темæйыл раздæр иу немыцаг ахуыргонд кæй бахъахъхъæдта диссертаци. Никъалайæн йæ куыст фæуынхъус уыдис æмæ кæд йæ ахадындзинад нæ фесæфта, уæддæр дзы диссертаци бахъахъхъæнæн нал уыд.
Æвæллайгæ зонадон куыст кæй кодта, уымæ гæсгæ рæзт йæ авторитет бæстæйы йæ коллегæты ‘хсæн. Ныфс дзы кæй æвæрдтой, раст уымæ гæсгæ Иоффейы номыл Ленинграды физикон-техникон институты зонадон кусджытæ Д. Н. Наследов, Н. А. Горюнова æмæ не ‘мзæххон Галуанты Уасил бауынаффæ кодтой, цæмæй иртасæн куыстæн равзæрстаид индийы фосфид æмæ уый кристалты рæзын кæнын. Уый хауы æрдæгпроводниктæм æмæ уыдонæн та иттæг ахсджиаг нысаниуæг ис зонад æмæ техникæйы рæзты. Ахæм æрмæджытæ, сæйраджыдæр, сты германий æмæ кремний. Фæлæ техникæйы рæзт домы, хуыздæр характеристикæтæ кæмæн ис, ахæм æрмæджытæ. Ахæм та у индийы фосфид, фæлæ дзы уæрæхæй нæ пайда кодтой, сыгъдæг монокристалтæ дзы райсын кæй не ‘нтыст, уымæ гæсгæ.
Ацы ахсджиаг фарст баразæнгард кодта Никъалайы иртасæн куыстмæ. Фæлæ хъуыд, уыцы куыст æххæст кæм цыдаид, ахæм лаборатори. Æмæ ленинградаг коллегæты аудындзинады руаджы Дзæуджыхъæуы æрывнæлдтой ахæм лаборатори аразынмæ. Йæ арæзтады Никъала æмæ йе ‘мбæлттæ истой иууыл активондæр хайад. Сисамайджытæ дæр уыдысты, хъæдкуыстгæнджытæ дæр æмæ æндæр куыстытæ æххæстгæнджытæ дæр. Бæстыхай сцæттæ, фæлæ ныр та проблемæтæ сæвзæрыд, хъæуæг ифтонггæрзтæ самал кæныны. Фæлæ та ам дæр равдыстой стыр энтузиазм æмæ тырнындзинад. Стæй… стæй æрбалæлæууыд, афтæ зынтæй цы нысанмæ цыдысты, уыцы рæстæг. Сиукъайы фыртæн йе ‘мбæлттимæ бантыст, дунейы иууыл хуыздæр миниуджытæ кæмæн уыд, индийы фосфиды ахæм кристаллтæ сырæзын кæнын. Уый уыд Никъалайы зонадон сгуыхтдзинад æмæ стыр цымыдис равзæрын кодта дунейы бирæ ахуыргæндтæм.
Практикон æгъдауæй сын цы бантыст раиртасын, уый бындурыл ахуыргонд ныффыста диссертацион куыст ахæм темæйыл: «Индийы фосфиды кристаллтæ райсын æмæ сын сæ электронон хиæдтæ раиртасын». Диссертаци уыд кандидатон æмæ йæ хъуамæ бахъахъхъæдтаид Тбилисы паддзахадон университеты. Æндæр æмæ æндæр зонадон центртæй ахуыргæндтæ цы рецензитæ æрæрвыстой, уыдонæн сæ хъуыды уыд иу — диссертаци физикон-математикон зонæдты кандидаты нæ, фæлæ у зонæдты докторы ном райсыны аккаг. Официалон оппоненттæм дæр уыдис ахæм хъуыды.
Афтæмæй университеты зонадон совет æмæ Мæскуыйы Уæлдæр аттестацион къамисы уынаффæмæ гæсгæ Сиукъаты Никъалайæн лæвæрд æрцыд физикон-математикон зонæдты докторы ном. Æппæт уыдæттыл йæ рæстæджы фыста Советон Цæдисы сæйраг газет «Правда» дæр.
Диссертацийæн физикон-математикон зонæдты доктор, официалон оппонент А. Р. Регель йæ рецензийы ахæм аргъ скодта: «Æрбавдисгæ куыст, æнæмæнгдæр у канд æрдæгпроводникты физикæйы нæ, фæлæ ма æрдæгпроводникты хими æмæ техникæйы дæр стыр цау. Уыцы цау нæ бæстæйы кæй æрцыд, уый нын æхсызгон у». Ленины премийы лауреат, физикон-математикон зонæдты доктор Д. Н. Наследов æмæ физикон-математикон зонæдты кандидат Галуанты Уасил та фыстой: «Сиукъайы фырты æнтыст банымайæн ис Советон бæстæйы æмæ фæсарæйнаг бæстæты зонæдты фæстаг рæстæджы хуыздæр æнтыстытæй иуыл».
Сиукъаты Никъала кæд астрономийы зонады фæдыл нæ ацыд, уæддæр йæ цымыдисдзинад æмæ уæлдæр ахуыргæнæндоны райсгæ зонындзинæдтæ дзæгъæлы нæ фесты. Хæсты хæдфæстæ Цхинвалы рауагъдад «Ирыстон»-ы рауагъта чиныг «Популярон астрономи». Дарддæр хицæн æмæ хицæн азты мыхуыры йæ чингуытæ «Зæхх æмæ арв» «Атомы энерги», «Дун-дуне нæ алфæмблай». Адæймаджы дисы уый æппары æмæ ацы чингуыты кæй ныффыста йæ мадæлон ирон æвзагыл. Фыст та сты ахæм æнцонæмбарæн, лæгъз æвзагæй æмæ сæ кæсгæ-кæсын чиныгкæсæг, æнæмæнгдæр райсы æхцондзинад. Никъала астæуккаг скъолайæ дарддæр ирон æвзаг кæй нал ахуыр кодта, йæ архайд зонады бынтон æндæр къабазы кæй уыд, стæй йе ‘взонджы бонты дæр йæ адæмы ‘хсæн кæй нæ цард, афтæмæй йæ мадæлон æвзаджы рæсугъддзинад арф кæй æнкъардта æмæ йын йæ сусæг фæзилæнтæ кæй рафæлгъуыдта, уыдæттæ йын, æнæдызæрдыгæй банымайæн ис сгуыхтдзинадыл. Никъалайæ цæвиттон хъуамæ исой ахæмтæ, йе ‘взагыл уæлæхох чи кæнынц, кæмфæнды ма цæрой æмæ цахæмфæнды куыст ма кæной, уæддæр. Ахæмтæ та, хъыгагæн, цъус не сты. Йæ рæстæджы Никъала зæрдæрисгæйæ фыста уымæн йæ аххосæгтыл: «Фыццаджыдæр уый æмæ нæ мадæлон æвзаг раууатмæ æрцыдис. Нæ сабитæ скъолаты зæрдиагæй ахуыр кæнынц æндæр æвзæгтæ, сæ мадæлон æвзаг та рохуаты баззади. Уыцы сабитæ уæлдæр скъолатæ дæр фесты, фæлæ дзы бирæтæ иронау сæ хъуыдытæ зæгъын нæ фæразынц. Мадæлон æвзаг нæ зонгæйæ, адæймаг цыфæнды ахуыргонд æмæ номдзыд куы феста, уæддæр йæ сæры кад, джелбетт æнæкъахыр нæ уыдзысты». Цы саразын хъæуы, уый тыххæй та афтæ зæгъы: «Не ‘ппæты хæс дæр у, нæ рæзгæ фæсивæдæн сæ мадæлон æвзаг бауарзын кæнын, цæмæй сын сæ къухы арæхдæр уынæм ирон чиныг… Æз уый зæгъинаг дæн æмæ æндæр æвзæгтæ ахуыр кæнгæйæ, нæхи мадæлон æвзаг фæсдуармæ хъуамæ ма аппарæм».
Æмæ цæмæй афтæ ма рауайа, уымæ уæзгæ бавæрд бахаста Никъала, уæлдæр цы чингуыты кой скодтон, уыдоны нын нæ размæ нæ мадæлон æвзагыл рахæсгæйæ. Хъыгагæн, уыцы чингуытæй ма кæд искуы библиотекæты аззад, æндæр сын ссарæн нал ис.
Зындгонд ахуыргонд ма ирон æвзагмæ ратæлмац кодта æхсæзæм æмæ æвдæм кълæстæн физикæйы ахуыргæнæн чингуытæ, афтæ ма сарæзта «Физикон терминты уырыссаг-ирон дзырдуат». Æппæт уыдæттæ дзурæг сты, мадæлон æвзаг йæ зæрдæйы цахæм стыр бынат ахста æмæ куыд архайдта, цæмæй йæ рæзгæ фæлтæр хуыздæр ахуыр кæной. Æмæ æрмæст архайгæ нæ, фæлæ йæ æвдыста хи цæвиттонæй дæр.
Йæ авналæнтæ дардыл уыдысты Никъалайæн. Бирæ цыдæртæ йæ цымыдис кодтой æмæ тырныдта сæ рафæлгъауынмæ. Цæвиттон, йæ рæстæджы уый стыр уац ныффыста Шота Руставелийы тыххæй æмæ йын аккаг аргъ скодта зынгæ гуырдзиаг ахуыргонд, ирон адæмы стыр хæлар, академик Г. Ахвледиани.
Йæ адæмы зынгзæрдæ патриот уæвгæйæ, Сиукъаты Никъала æввахс йæ зæрдæмæ айста, йæ райгуырæн Хуссар Ирыстоны зæххыл ивгъуыд æнусы 90-æм азты цы трагикон цаутæ райтынг сты, уыдоны. Уый æрæййæфта æмæ йæхиуыл бавзæрста 1920 азы трагикон цауты дæр, Гуырдзыстоны гæрзифтонг æфсад арт куы бандзæрстой ирон хъæутыл æмæ сын сæ цæрджыты лидзинаг куы фæкодтой. Лыгъдысты цæгатырдæм Сиукъаты бинонтæ дæр, семæ цыппараздзыд Никъала, афтæмæй. Бирæ хъизæмæртты фæстæ, Хуссар Ирыстоны зæхх сæрибар куы ‘рцыд, уæд æрыздæхтысты сæ сыгъд уæзæгмæ фæстæмæ æмæ сæ цард ногæй аразын райдыдтой.
Куыд ацы трагедийы, афтæ 90-æм азты цауты тыххæй дæр Никъала ныффыста чиныг «Две трагедии Южной Осетии», зæгъгæ, æмæ йæ мыхуыры рауагъта 1994 азы Дзæуджыхъæуы. Уый лæмбынæг æвзары сæ аххосæгтæ æмæ нæ адæм цы уавæры ныххаудысты, уымæй рахизыны фæндæгтæ.
Æппæт йе ‘мбаргæ цард зынгæ ахуыргонд сбаста Цæгат Ирыстоны педагогон институтимæ (ныры университетимæ). Куыста теоретикон æмæ эксперименталон физикæйы кафедрæйы сæргълæууæгæй. Бирæ азты дæргъы уыд университеты проректор зонадон-иртасæн куысты фæдыл. Стыр кад ын уыдис æрмæст университеты стыр коллективы ‘хсæн нæ, фæлæ дыууæ Ирыстоны ахуыргæндты ‘хсæн дæр. Кад æмæ йын аргъ та кодтой æрмæст куыд стыр ахуыргонд нæ, фæлæ куыд стыр гоймаг, афтæ дæр. Цахæм уыд царды, уый хуыздæр у йе ‘фсымæры чызг Сиукъаты Феняйы ныхæстæй радзурын.
— Мæ фыды фыдæн бирæ сывæллæттæ уыдис — æхсæз лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Уыдонæй фондз лæппуйы æмæ иу чызг хайад истой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Дыууæ æфсымæрæй — Гиуæрги æмæ Илуш нал æрыздæхтысты фæстæмæ. Гиуæрги мæ фыд уыдис æмæ фæмард Хъырымы карз тохты. Нæ хъæуы уæлмæрды йын йæ сыджыты хай куы хицæн кодтой, уæд Никъала дзырд радта, йæ сывæллæтты йын рæвдыдцух кæй нæ ныууадздзæн. Мах та уыдыстæм иу æфсымæр æмæ æртæ хойы. Æмæ, æцæгæйдæр, кæд нæм æввахс нæ цард, уæддæр ын йæ аудындзинад кæддæриддæр æнкъардтам. Нæ иунæг æфсымæрæн та Присы хъæуы сарæзта, йæ ас, йæ фидар æмæ рæсугъдæй цæстæнгас йæхимæ чи здæхта, ахæм хæдзар. Фæлæ йæ 90-æм азты гуырдзы ныппырх кодтой, ласынæн дзы цы баззадис, уыдоны фæластой… Уыд тынг хæларзæрдæ, бирæ йын уыдис хæлæрттæ, уыцы нымæцы нæ университеты æмæ зонад-иртасæн институты ахуыргæндты ‘хсæн дæр. Присмæ æрцæугæйæ-иу уарзта цæхæрадоны истытæ акусын.
Никъала йæ хæстон æмæ зонадон æнтыстыты тыххæй хорзæхджын уыд Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны орденæй, Кады нысаны орденæй, «Хъæбатырдзинады тыххæй» майданæй. Лæвæрд ын æрцыд Цæгат Ирыстоны «Зонад æмæ техникæйы сгуыхт архайæджы» кадджын ном.
Йæ фыдау Никъалайæн стыр бинонтæ скæнын нæ бантыст. Йæ цардæмбал Абайты Замирæимæ схъомыл кодтой иунæг фырт — Сергейы. Уый дæр ацыд, Никъала зонады цы фæндагыл ацыд, ууыл. У физикæ-математикон зонæдты кандидат. Уый дæр кусы, Никъала кæм фæкуыста, уыцы уæлдæр ахуыргæнæндоны. Замирæ та уыд дохтыр æмæ йæ цард снывонд кодта адæмы æнæниздзинад хъахъхъæнынæн. Йæ фыд Александр та уыд зынгæ революционер.
Ахæм сты Сиукъаты Никъалайы царды хабæрттæ цыбыртæй æмæ йын сæ мысæм йæ 100 азы юбилейы. Фæлæ æрмæст сæ юбилейты мысæм ахæм гоймæгты, уый раст нæу. Сæ цардыл, сæ бакæнгæ хъуыддæгтыл хъуамæ ахуыр кæной рæзгæ фæлтæр æмæ сæ цæвиттон исой. Исой сæ цæвиттон, æнтыстмæ куыд цæуын хъæуы, райгуырæн бæстæ, мадæлон æвзаг куыд уарзын хъæуы, хорздзинад адæмы ‘хсæн тауын куыд хъæуы æмæ сæ разæнгард кæной фарны хъуыддæгтæм.
Биазырты Роланд