Ирыстoны зæxxыл ис бирæ цымыдисoн цыртдзæвæнтæ, уæлдaй дæр тa Ирыстoны xoxбæсты. Axæм цымыдисaг цыртдзæвтнтæй сæ иу у Урстуaлгoмы Xoдзы xъæумæ xæстæг Зылды мæсыг (Зылд, Гæлыуaты мæсыг, Уæйгуыты гaлуaн). Рaст зæгъгæйæ, йæ aрæзтaдмæ гæсгæ мæсыгмæ ницы бaр дaры, фæлæ aдæмы æxсæн йæ нoм ныффидaр куыд «мæсыг», «зылд» тa уымaн æмæ тымбылгoнд aрæзтaд кæй у, рaстдæр зæгъгæйæ тa, дæргъæццoн тымбыл (зылд). «Зылды мæсыг» axæм нoмимæ бaцыд, æгæрæстæмæй, зoнaдoн литeрaтурæмæ дæр, уый тa уымæн, æмæ йæм xæстæгдæр цы xъæутæ уыд, уыдoны цæрджытæ дæр æй xуыдтoй «Зылды мæсыг».
Зылды мæсыгы бæстыxaйы aрæзтaд, лæууы Урстуaлгoмы — Гæлыуaтæ æмæ Xoдзы xъæуы æxсæн цы уæлxox дурджын быдыр ис — Xуыртæ, уый aстæу, Гæлыуaты xъæумæ xæстæгдæр, тæккæ aйнæг былы сæрмæ.
Иумийaгæй, aрæзтaд кæм ис, уыцы рaн цaсдæрбæрцæй у къулдым æмæ дурджын фæзимæ (кaмeнистoe плaтo) aбaргæйæ, лæууы бæрзoнддæр. Aцы уæлxox дурджын фæзæн йæ дæргъ уыдзæн 3 км бæрц, йæ уæрx тa 1км чысыл фылдæр. Aрæзтaды иу фaрс xoрз бæрæгæй зыны Гæлыуaты xъæумæ 1 км дæрддзæфæн, кoмкoммæ тa йæм фæндaг нæй. Бaцæуæн æм ис æрмæст дæр къaxæй, бæxыл æмæ гaлдзoныгъыл xъуыды кæнæн дæр нæй, уымæн æмæ axæм дурты уæлæ фæндaг сaрaзынæн ницы aмaл ис.
Aрæзтaд цы бынaты ис, уый бæрзæнд дeнджызы ’мвæзaдæй у 2415 м æмæ йæ гeoгрaфиoн кooрдинaттæ тa сты: N 42.32.937, E0 44.14.939.
Зылды мæсыджы aрæзтaды фæдыл сæ xъуыдытæ зaгътoй axæм axуыргæндтæ, куыд: Гæззaты В., Пчeлинa E., Куфтин Б., Тъexты Б., Мeликсeт-Бeкoв Л., Дзaттиaты Р., Слaнты A. æмæ æндæртæ. Зæгъæм, Б. Куфтины xъуыдымæ гæсгæ, Зылды мæсыг фæзындaит рaгфeoдaлoн дуджы. Тъexты Бaгрaты xъуыдымæ гæсгæ, уый aрæзт æрцыд тæтæр-мaнгoлы ныббырсты рæстæджы, aлaнты цъист кæнын куы бaйдыдтoй. Зылды мæсыджы aрæзтaд бæстoн чи бaсгæрстa, уыдoнæй сæ иу уыд Eвгeния Пчeлинa. Йæ фæзынд тa йын сбaстa Чысaны eрыстaуты фыдæлтимæ Бибыл æмæ Рoстъoмимæ. Чысaны Eрыстaуты фыдæлтимæ мa йæ чи бaбaстa, уыцы axуыргæндтæй сæ иу уыд Дзaттиaты Р. дæр. Йæ xъуыдымæ гæсгæ, уый aрæзт æрцыдaит 6-7 æнусты, кæннoд тa уый рaзмæ [Дзaттиaты. 2002. 10 ф.]. Æндæр axуыргæндты xъуыдымæ гæсгæ, уый aрæзт æрцыд рагисторийы размæ æмæ хауы «циклопон» арæзтадтæм. Уæлдæр загъдгонд бæстыхайы фæдыл ма йæ хъуыдытæ захта Сланты Алан дæр, зæгъгæ, ахæм арæзтадты фæзынд хауы Урартуйы падзахады рæстæгмæ æмæ зæгъгæ парахатгонд уыдысты ныры Сомихстон æмæ Тæтæрбæсты, ома Азербайджаны зæххыл æмæ сæ, зæгъгæ, уым дæр амадтой Зылдымæсыг цы ран ис, ахæм хæххон зын бафтæн рæтты. (Сланов А Известия 2009. 94 ф.)
Дзаттиаты Р., Сланты А. æмæ æндæр ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй, зæгъгæ, комы (былы) æрдыгæйварс арæзтадæн акалд йæ иу хай Дзаттиайы фырт зæгъы: «Крепость, по всей вероятности , судя по названию, первоначально была кольцевой, замкнутой, но часть стены обвалилась в ущелье реки Лиахва, т.к. находилась на самом краю крутого каменистого обрыва. И теперь неровные края стен крепости нависают над обрывом, а сама крепость стала как бы подковообразной æмæ, зæгъæгæ, йæ къулты дæргъ та у 200 м бæрц [уый дæр уым]. Фæлæ ацы хъуыдыйыл æз разы нæ дæн. Уымæн æмæ арæзтады къултæ, ныгуылæнварс, ома былы сæрмæ, калд не сты, фæлæ хуссарварсæй комкоммæ ацыдысты скæсæнырдæм æмæ баиу вæййынц цæгат-ныгуылæн цмгатварсырдыгæй. Ам мæ уый зæгъын фæнды, æмæ кæд арæзтады къулты бæрзæнд цæгатварс æмæ скæсæнварс у 4 м бæрц, уæд йæ ныгуылæн хайы та æрмæст йæ бындур ранæй рæтты бæрæг цæуы, уыцы нымæцы былы æрдыгæйварс дæр . Хуссарварс къулты бæрзæнд дæр у 1,5-2,5 м бæрц æмæ сыл зыны, кæмдæрты кæлгæ кæй ракодтой, уымæн æмæ систæй рахаугæ дуртæ бæрæгæй зынынц. Ныгуылæн æмæ цæгат-ныгуылæн къулы тыххæй та мæ зæгъын фæнды уый æмæ, ам къул арæзт не рцыд, æрмæст дæр йæ бындур. Уымæн æмæ кæлгм куы акодтаит, умд йæ кæлдтытæ бæрæг дариккой, фæлæ дзы хæстæг къулмй цы дуртæ ракалдаиккой, уый бæрмг нæй. Ам æнæммнгæй загъдауыдзмн, акалдысты коммæ, фæлм цæгат-ныгуылæнварс хай къул былмæ дæрд лæууы, йæ фæйнæфарс у фæзгонд бынат æмæ дуртæ куы æркалдаиккой, уæд удæппæтæй бæрæг дариккой. Уымæн æмæ арæзтады къулты бæзджын хæццæ кæны 2,8 м бæрцмм æмæ арæзтады уыцы бынаты сæ фæд æнæразынгæ нæ фæуыдаид. Арæзтады фæдыл мæ зæгъын цы фæнды? Ацы бæстыхай кæронмæ арæзт нæ фæцис, афтæмæй йæ æрдæгыл ныууагътой æмæ уымæ гæсгæ йæ къулты иу хай арæзт не рцыд. Иумийагæй, бæстыхайы къулты дæргъ у 225 м бæрц æмæ йæ диаметыр та ныгуылæнæй скæсæнырдæм у 70 м, хуссарварсæй-цæгатмæ та 80 м бæрц. Сланты А хъуыдымæ гæсгæ та йæ диаметр арæзтадæн у 30 м зæгъгæ æмæ уый бынтондæр раст нæу. Иумийагæй, йæ фæзуат уыдзæн цыппармин- фондзсæдæ квадратон метыры бæрц, ома æрдæг гектармм æввахс. Йæ равæрды конд, ома йæ форма хæстæгдæр лæууы трапецийы формæмæ, æрмæст тымбылгонд фисынтимæ, йæ хуссар-ныгуылмн фиссын та у расткъуымон. Арæзтады къултæ амад æрцыдысты бынæттон стыр дуртæй, æттæрдыгæй растдæр фæрстæ мвзаргæйæ. Сæ амад у ирон мæсыгамады кондмæ гæсгæ æртæ рæгъæй, ома æттæрдыгæй æмæ хуылфырдыгæй стырдæр дуртæ, астæуæй та лыстæгдæр дуртæ. Ирон мæсыгамады халдих ма дзы ис уый, æмæ дурты æхсæн нæй иугæнæг фæрæз, ома йæ амад у «сурамад» «ирон амад». Сланты лæппу та ахæм «сур амад», ома æнæиугæнæг фæрæзæй амад арæзтадтæ, бæтты Урартуйы дугмæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æмткæй сисгæйæ Ирыстоны, уæлдайдæр та хъахъхъæнæн арæзтадтæ хæхбæсты, фылдæр амад сты æнæиугæнæг фмрæзæй. Æмæ сын чи зоны исты иудзинад ис, фæлæ ацы арæзтад уæды дугмæ ахæссæн нæй, мæ хъуыдымæ гæсгæ.
Арæзтадмн йæ цмгатварс къулыл ис арæзт хуылфмм бахизæн. Йæ бæрзæнд у 1,5 м æмæ уæрхырдæм та 1 м бæрц. Бахизæны фæрсты дуртæ сты уæлдай æмлæгъз дæр. Бахизæны бæрзæнд æмæ уæрх дæр тынг æнгæс сты, ирон гæнæхты æмæ галуанты бахизæнтимæ. Ам ма мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ арæзтады астæу мæм афтæ фæкаст, цы цалдæр дзыхъхъгонды ис, уыдон хæдзары бынæттæ сты, æдзæрæг хъæууæтты дæр ма рагон хæдзæртты бынæттæ афтæ бæрæгæй фæзынынц. Ацы дзыхъхъгæндты ма хмдзары-гæнæхты бынæттæ чи рахуыдта, уый уыд Гæззаты В. Йæ балцы фæдыл Зылды ммсыгмæ 1927-æм азы журнал «Фидиуæг» -ы фæстыл цы уац ныффыста, уым. Уый фыссы, зæгъгм, «сисы фæзыл зыны цалдæр дзыхъхъгонды, цыма хæдзар-гæнахы бынæттæ… (Гæззаты В.1927)
Куыд æндæр арæзтадтæ, афтæ Зылды мæсыджы арæзтады фæдыл дæр баззад легендæ, зæгъгæ, Зылды мæсыг куы амадтой, уæд æй амадтой „хонгæ дуртæй“, зæгъгæ, „когда человек еще не был подвержен смерти, тогда был построен Зильде Машиг, они пригласили к себе камни и попросили их, каждый особо, стать на указанное им людьми место. Так был построен Зильде машиг“, [уый фыссы Пчелина 1934. 88]. Иумй-иу легендæтæм гæсгæ Зылды мæсыджы самадтой уæйгуытæ æмæ цæргæ дæр уым кодтой. „Уæйгуытæ цардысты Едысы уæллаг фарс“ (Зылды мæсыг — М.И) Царциатæ та Едысы къуылдымыл [Царциаты таурæгътæ 2007. 276 ф.]» «Царциатæ Едысы Калачы цардысты… Цардысты Нарт æмæ уæйгуыты рæстæджы. Нарт фæсхох цардысты, уæйгуытæ та ам, ныр дæр сæ галуан Ходзы цур ис — „Уæйгуыты галуан“ [Царциаты таурæгътæ 2007. 276 ф.]». Иу легендæйы дзырдæуы: Царциатæй сæ бон зонгæйæ уæйгуытæ æрымысыдысты фидар саразын. Нæ æхсæв, нæ бон æнцой нæ зыдтой. Дур ласæн æмæ дур тулæн кодтой. Уæд Хуыцаумæ скуывдтой æмæ зæгъынц: Хуыцау, кæд нæ истæмæн скодтай, уæд нын хонгæ дур рауадз. Сæ куывд Хуыцаумæ фехъуыст, æмæ хохыл къахыр фегом ис, уырдыгæй сау дуртæ тæвдæй кæлын байдыдтой. Уæйгуытæ сæ тæвдыл саст кодтой æмæ зылд арæзтой. Зылд та ахæм уыдис æмæ ма ныр дæр уæртæ æмбисондæн хæссынц уый. Зылд, кæнæ йæ хонынц Умйгуыты галуан дæр. Æмбисонд та уымæн у æмæ тæвд дуртæ куы бырыдысты, афтæ сæ карстой æмæ сæ æвæрдтой сисамадæй. Дуртæн сæ дæргъ дыууæ ивæзыны, сæ бæрзæнд иу ивæзыны бæрзæндæн уыдис. Умйгуытæ уыцы зылд арæзтой афæдзæй афæдзмæ, хъæр æй нæ кодтой, цæмæн аразынц уый, [Царциаты таурæгътæ. 2007. 195 ф.] Дарддæр дзырд цæуы: Царциатæ, зæгъгæ, куы базыдтой, умйгуытæ зылд цæмæн аразынц, уæд рымысыдысты, цæммй сæ фæцæгъдой… семм хæст самадтой, дыууæты æрдыгæй дæр бирæ фæмард, фæлæ уæйгуытæ бынтон аскъуыдысты. [уый дæр уым 196,197, 199 фф.]. Ацы легендæйæ бæрæг цæуы, Зылды мæсыджы арæзтад хатт «уæйгуыты мæсыг», «уæйгуыты галуан» дæр цæмæн фæхонынц, уымæн æмæ йæ самадтой уæйгуытæ Царциаты ныхмæ. Ирон адæммæ баззад ахæм дзырд тыхджын адæймагы тыххæй, зæгъгæ, «уæйыг лæг». Ам æнхъæл дæн, æмæ зылд чи амадта, уыдон дæр фыртыхджын адæм уыдысты, уымæн æмæ ахæм стыр дуртæй арæзтад чи амадта, уыдон стыр тыхы хицæуттæ уыдаиккой æмæ сæ самайгæ арæзтадыл сбадт ном «Уæйгуыты мæсыг», «Уæйгуыты галуан».
Арæзтады конд, йемæ баст легендæтæ, историон ратæдзæнтæ æмæ æндæр зонæнтм сахуыргæнгæйæ мæм сывзæрд ахæм хъуыды. Зылды мæсыг ахæм уæлхох дурджын фæзы, кæрдмг рæстмæ кæм нæ зайы, хуымзæхх, нуазыны дон æмæ æндæр æнмæнгхъæуæг адæймаджы уæвынадæн фæрæзтæ кæм нæй, уым самадтаиккой хъахъхъæнмн арæзтад, æндæргæнæн кммæн нæ уыд, ахæм тыхст адæм. Арæзтой йæ стыр тыхы ныхмæ, сæхицæй тыхджын æмæ хъаруджындæр чи уыдаит, кæй зæгъын æй хъæуы, нымæцæй та фылдæр, ахæм тыхгæнджытæй хи бахъахъхъæнынæн. Тыхст лæг цынæ кæны æмæ уымæ гæсгæ равзæрстой ам æрдзон фидар, зын æрбафтæн кæдæм уыдаит, ахæм ран хъахъхъæнæн арæзтад. О, фæлæ йæ аразын куы байдыдтой, уæд сын кæронмæ йæ саразын нæ бантыст, кмннод та сæм уæдмæ бырсгæ æрбакодтой, æмæ æнæмсæр тохы цагъды фесты, йе та æндæр ранмæ фæлыгъдысты. Уымæн æмæ Зылды мæсыг у, кæронмæ амад чи нæ фæцис ахæм арæзтад.
Историон ратæдзæнтмй бæрæг куыд цæуы, афтæмæй Астæуккаг Кавказы хæхбæсты сæрибар æмæ æнæсæттон цæрджыты сæттынмæ чи ныббырста æмæ ауылтыл сæ хæстон балц чи ракодта, уыдон уыдысты Александыр Македонскийы, тæтæр-манголы, Шах Абассы, Чысаны Эрыстауты æмæ æндæрты балхонтæ. Ацы тыхгæнджытæй ком-коммæ дæр Зылды мæсыгмё чи ныббырста, уый историон бæрæггæнæнтæй нæ æргом кæны. Фæлæ уæддæр сæ кой скæндзыстæм. Чысаны Эрыстауты цыртдзæвæны ис фыст: Шалва вступил в ущелья двальцев и опустошил все. Шавдвални (черные двальцы) выступили против него в темную ночь, но Шалва, будучи осведомлен об их выступлении, выставил навстречу им свой дозор. Всех их загнали в расселины скал, так что ни один из них не вернулся, и погибло немалое количество двальцев. Сожгли и опустошили все ущелья Двалетии разгромили и разрушили все замки от Трусо до Ачабети [История Осетии 1962. 88-89 фф]. Дарддёр мндæр ран та фыстæуы чысаны Эрыстау Иоанны хæст туалтимæ 15 æнусы: «В это время было волнение. Двальцы, улучив время, угнали стадо с Гуди. Услышав, эристав отправился в горы, прибыв в Эрема (Ерман — МИ), Цухлети и Цубени, разрушил тамошние крепости, спалил и опустошил их страну и вернулся победителем [уый дæр уым. 93 ф].
Иоанны фырт Виршелы хæсты тыххæй та туалтимæ дзырдæуы:
Все в продолжение 2-х дней бились (с двальцами) у Ходжийской скалы и потеряли 6 видных воинов, а также воспитателя их Эристава, двальцам из того аула повредить не сумели [уый дæр уым. 22 ф.]
Ацы зонæнтæ æвдисæн сты, туалты сæттынмæ æмæ сæ дæлбар бакæныныл куыд архайдтой Чысаны Эрыстаутæ Шалва æмæ Иооан, уымæ гæсгæ пырх æрцыдысты фидæрттæ иууылдæр Тырсыйæ Ачабеты онг, дзырд цæуы Ерманы тыххæй дæр, æмæ ацы хъæу та хæстæг у Зылды мæсыгмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы зонæнтæм гæсгæ гæнæн ис æмæ уыцы азар баййæфтаит Зылды мæсыджы арæзтад дæр, кæд афтæ уыдис, уæд.
Ам фмстаг зонæны «у Ходжийской скалы» у Ходзы къæдзæх, фæлæ зын зæгъæн у, Зылды мæсыгимæ баст у æви нæу? Фæлæ ам хабар уый мидæг ис æмæ Зылды мæсыджы арæзтад, кæронмæ арæзт чи нæу, ахæм арæзтад у æмæ ацы ратæдзæнтæй иу дæр Зылды мæсыгимæ баст æмæ дзурæг ницæуыл у. стæй ма Зылды мæсыджы арæстад хæстон архайдтытæн дзуапп нæ лæвæрдта, уымæн æмæ кæронмæ арæзт чи нæ фæцис, уыд ахæм арæзтад. Сланты фырт та зæгъы æмæ пайда кæны ахæм гуырæнтæй Чысаны Эрыстауты цыртдзæвæны. Зæгъгæ, Ходзы къæдзæхы цур Чысаны Эрыстауæн йæ бон туалты басæттын куы нæ бацис æмæ куы аздæхт, уæд дыккаг бон, зæгъгæ, рафсад кодта ногæй. «И на второй день пришли войска Виршела в Кара, и сожгли крепость и пять селений, и хизаны этих селений укрылись в овраге горном, в месте высоком, в расселине скал, не доступном ни с какой стороны. Проникло войско в укрепленное место, в неприступности которого, если описать, нельзя поверить.» ам ацы зонæнтæ æнæхъæнмй уымæн æрхастон æмæ Кара (Хъара)йы хъæу ис Чъуртайы комы, Чысангомы фарсаг кæмттæй сæ иуы æмæ уым дæр уыд стыр фидар æмæ мæнмæ гæсгæ, ам дзырд ууыл цæуы, Зылды мæсыгмæ та бар ницы дары. Кæд дзы чысыл цыдæр æнгæстæ ис уæддæр. Стæй ма Хъарайы хъæуæй Зылды мæсыджы хсæн æнæхъён бонцауæй фылдæр ис æмæ Зылды мæсыгыл дзырд куы цæуид, уæд Хъарайы хъæуы кой не скодтаит.
Ацы уацы ма уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Е. Пчелина. æмæ Дзаттиаты Р хъуыдымæ гæсгæ Зылды мæсыджы фæзынд баст у Чысаны Ерыстауты рагфыдæлтимæ Ростом (Рати) æмæ Бибылимæ æмæ мæ хъуыдымæ гæсгм, сты раст. Уый тыххæй Ерыстауты цыртдзæвæны ис ахæм скъуыддзаг:
«В то время случилось большое волнение в стране Овсетии и страшное кровопролитное столкновение между царями овсов. Победа осталась за сыновьями старшего брата, детей же младшего брата—Ростома, Бибилу, Цитлосан, и сыновей их с 70-ю рабами добрыми, перевели через Захскую гору, направили в страну Двалетию. Но двальцы собрались все и сказали им: «Не желаем в нашей стране царя, который бы съедал нас!» Но те стали говорить им клятвенно, что будут называться не царями, а будут титуловаться именем того места, которое будет отдано им. Тогда отвели им Бобалета^ и наименовали их Бибилурами. И начали (Бибилури) строить крепость и такие огромные дома, каких в стране Двалетии не было. Тут-то опомнились двальцы, собрались и сказали (друг другу): «Видим с какой целью устраиваются эти овсы-цари!
Хотя мы их нарекли Бибилурами, но такое наименование не скроет их родовитого происхождения и они по истечении малого времени овладеют всею нашею страною. „Пока у них не появилось потомство и не обосновались, удалим эту двуглавую змею из нашего чрева“.» [История Осетии 1962. 85-86 фф.]
Зын зæгъæн у, ацы æфсымæртæ Туалгомы кæм æрбынат кодтой. Дзаттиаты Р хъуыдымæ гæсгæ, уый уыдис, зæгъгæ, Царциаты Калакы (Едысы) æмæ, зæгъгæ, Зылды мæсыг дæр уыдоны арæзт кæй у, Зылды мæсыг уыдоны арæзт кæй у, уымæн бындур ис, фæлæ сын цæрæнбынат Едысы Царциаты Калак радтой, уый зын зæгъæн у. Уæлдæр цы æрмæджытæ равдыстон, уыдоны нымæцы царциаты легендæты скъуыддзмгтæ, уыдон дæр цасдæрбæрцæй, дзурæг сты æцæг историон хабæрттыл.
Зын уырнæн у æмæ æрцæуæг адæмы туалтæ æрцæрын кодтаиккой сæ бæсты астæу, æнцонвадат ран Царциаты Калачы. Дыккаг уый æмæ Дзаттиаты Р. хъуыдымæ гæсгæ, «Царциатское городище у с.Едыс было важным пунктом транзитного торгового пути с Северного Кавказа в Закавказье» [Дзаттиаты Р. 2006. 90 ф.] æмæ ноджы дарддæр «Царциатское городище было торгово-ремесленным центром» [Дзаттиаты Р. уый дæр уым]. Æмæ кæд Царциаты Калак уыд æрмдæсныты æмæ сæудæджерад куыстгæнджыты цæрæнуат 6-æм æнусæй фæстæмæ, уæд Ерыстауты рагфыдæлтæ Бибыл æмæ Ростомы дуг та дзæвгар фæстæдæр уыд. Куыд уынæм, афтæмёй Едысы Царциаты Калачы цардысты æрмдæснытæ æмæ сæудæджерады куыст чи кодта, ахæм цæрджытæ, ацы дыууæ æфсымæр æмæ сæ фæсдзæуинтæ та уыдысты æфсæддонтæ. Æфсæддон цардыуагыл хæст чи у, уымæй зынбауырнæн у æмæ йæ бон бауыдаит хицæн æрмдæсныйад райсын, йе та сæудæджерадыл ныххæцын. Æфсæддонтæ кæй уыдысты, ууыл та дзурæг у уый, æмæ Ерыстауты цыртдзæвæны фыст ис, зæгъгæ: туалтæм чи æрбцыд, уыдон уыдысты: (кæс уæлдæр) Ростом, Бибыл æмæ Цитлосан сæ фырттæ æмæ 70 фæсдзæуинимæ. Фæлæ Дзаттиаты Р. куыд зæгъы, афтæмæй ам Цитлосан (Цитлосани) нысан кæны сырх пысулджын. «слово «цитлосан» это грузинское «одетый в красное» или «порфироносный» и является возвеличивающим титулом Бибила, а семьдесят добрых рабов это, несомненно, дружина или личная гвардия этих царевичей [Дзаттиаты Р. 2006. 88 ф.]. Ам сырх пысул чи дары, ома сырхпысулджын, у æфсæддонты хуыз. Мæнæ ирон тырысайы дæр сырх — æфсæддон æхсæнады хуыз æмæ нысан куыд у, афтæ. Дарддæр ацы мфсымæртё туалтæм куы арбафтыдысты æмæ сын туалтæ цæрынæн бынат кæм раттой, уым амайын байдыдттой стыр фидар æмæ стыр хæдзæрттæ «И начали (Бибилури) строить крепость и такие огромные дома, каких в стране Двалетии не было». Ам дзырдæуы, фидар, хъахъхъæнæн арæзтад амайын цæмæн байдыдтой æмæ кæй ныхмæ? Йæ дзуапп у, туалтæй тæрсгæйæ, байдыдтой амайын сæрмагондæй ахæм стыр фидар сæхи бахъахъхъæнынæн. Уый фенгæйæ сæ, туалтæ фæсырдтой сæ бæстмйё. Умлдæр цы легендæйы кой цыдис, уым дæр амайын байдыдтой уæйгуытæ Царциатæй тæрсгæйæ Зылд æмæ йæ царциатæ куы базыдтой, уæд сæ фæцагътой. Ома дыууæ ран дæр бæрмг цæуы, сæ фидар сын амайын кæй нæ бауагъдтой. Æмæ Зылды мæсыг дæр у, кæронмæ чи нæ фæцис арæзт, ахмм арæзтад. Ам мæн фидарæй зæгъын фæнды уый æмæ Зылды мæсыджы арæзтад, комкомммдæр у баст Чысаны ерыстауты рагфыдæлтимæ æмæ йæ амайгæ дæр уыдон кодтой. Зылды мæсыг та уæйгуыты койимæ баст уымæн у æмæ уæды онг ахæм стыр арæзтад ацы бæстыл никуы ма уыд. Чи йæ амадта, уыдон та уыдысты тынг хъаруджын адæм. Бибыл æмæ Ростъомимæ цы фæсдзæуинтæ уыд — æфсæддонтæ, уыдон дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг хъаруджын уыдысты, кæд нымæцæй бирæ нæ уыдысты, уæддæр. Сæ тыхы уыд æмæ самадтаиккой ахæм фидар, стыр дуртæй. Стæй йæ уым та уымæн самадтой æмæ сын, æвæццæгæн, туалтæ æндæр хуыздæр цæрæн бынат нæ радтой, æмæ «тыхы дур та хæрдмæ суры» дзуры ирон æмбисон. Уымæ гæсгæ, бар-æнæбары амадтой Зылды мæсыг. Кæд кæронмæ амад нæ фæцис, æрдæгæй баззад, уæддæр йæ конд æмæ йæ дурты асмæ гæсгæ адæмы æхсæн диссагæн баззад, æмæ йыл скодтой таурæгътæ æмæ легендæтæ дæр.
Ам ма ис иу скъуыддзагкæнинаг фарста: зæгъгæ, ацы æрцæуæг адæм ма афтæ арæзтой стыр хæдзæрттæ дæр, фæлæ сæ кæм арæзтой, уый бæлвырд нæу, Дзаттиаты Р. хъуыдымм гæсгæ, сæ цæрæн бынат уыд Царциаты Калачы, фæлæ уæлдæр куыд федтам, афтæмæй, зынтæй уыдаиккой ам сæ цæрмн хæдзæрттæ æмæ сæ хъæууат. Зылды мæсыджы арæзтады хуылфы кæд цæрæнуæтты арæзтады бынæттæ ис цалдæр, уымæ нæкæсгæйæ сын йæ зæххы фадыг дзуапп нæ лæвæрдта æппыныдзух цæрынæн. Фæлм уал ацы фарста æндæр хаттмæ ныууадзæм.
Зылды мæсыг у Ирыстоны цыртдзæвæнтæй тæккæ зынгæдæртæй сæ иу. Йæ арæзтад, йæ конд æмæ нысаниуæгмæ гæсгæ йын ис Ирыстоны истори ахуыргæнгæйæ зынгæ бынат.
Мæ уацы кæрон ма мæ фæнды зæгъын, уый æмæ Зылды Мæсыг æмæ йæ алыварс цы цыртдзæвæнтм ис, уыдонæн ис стыр нысаниуæг Ирыстоны хуссар хайы туризмы фадыг райтынг кæнынæн, уæлдайдæр та Ирыстоны ивгъуыд цардыуаг æмæ культурæ кæй цымыдис кæны.
Мæргъиты Ирбег
ХИЗИИ истори æмæ этнологийы хайады зонадон кусæг
http://mc-ir.ru/zyldy-maesyg/