Куыст Цæуы Галаты Барисы хæдзар-музей саразыныл

10-æм мaрты Гaлaты Бaрисы рaйгуырдыл сæxxæст 128 aзы.    Уый у фыццaг ирoн прoфeссиoнaлoн кoмпoзитoр æмæ дирижeр. Уый мa у ирoн кoмпoзитoрты скъoлaйы, зaрд æмæ кaфты пaддзaxaдoн aнсaмбль «Симд»-ы, Xуссaр Ирыстoны фыццaг музыкaлoн скъoлaйы бындурæвæрæг, фoльклoрист æмæ этнoлoг,   фыццaг ирoн симфoниoн уaцмысты-пoэмæты aвтoр æмæ дирижeр. Гaлaты Бaрис мa у aивaдoн фильмты фыццaг   ирoн   кoмпoзитoр,   уыцы нымæцы кинeмaтoгрaфийы шeдeвр — кинoфильм «Фaтимa»-йы кoмпoзитoр, дунeйæн зындгoнд фыццaг aкaдeмиoн куыст «Ирoн aдæмoн зaр-джытæ»-йы aвтoр дæр.

Æртæ aзы рaзмæ кoмпoзитoры бындaрты хъæппæрисæй Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд Галаты Барисы номыл культурæйы фонд. Фонды нысæнттæ сты, композиторы хæдзар сæндидзын кæнын, цыран РХИ-йы Хицауады эгидæйы бын   хъуамæ арæзт æрцæуа Глаты Барисы музей. Композиторы хæдзар ис Цхинвалы, Пушкины уынджы. Хæдзары æн-дидзынгæнæн куыстытæ райдыдтой 2013 азы апрелы мæйы. Йæ фыццаг уæладзыг æххæстæй арæзт æрцыд, фæлæ ныртæккæ куыстытæ урæд æрцыдысты бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Хъуамæ дзы арæзт æрцæуа дыккаг уæладзыг дæр. Объект арæзт цæуы тематикон музейон-уазæгдонон комплексы хуызы, цыран хатæнты æвдыст цæудзысты зындгонд композиторы царды   æппæт рæстæджытæ. Фыццаг уæла-дзыджы   ис композитор йæ царды фылдæр рæстæг кæм æрвыста, уыцы хатæн, уым фæлдыста йæ музыкалон уацмыстæ. Ацы хатæнмæ бахизгæйæ, адæймаг аныгъуылы иу æнсуы размæйы рæстæджы. Цæстытыл ауайы — мæнæ æнусыккон пианинойы раз   бады Галайы фырт æмæ та арæхстджынæй йæ къухты æнгуылдзтæ æруагъта клавишæтыл, кæнæ та цæгъды йæ хъисфæндырæй. Хатæны цы рагон музыкалон инструменттæ ис, уыдонмæ кæсгæйæ, цыма хъустыл ауайынц ирон музыкæйы æхцон зæлтæ… Мемориалон хатæны æвæрд сты 18-æм æнусæй райдайгæйæ музыкалон инструменттæ, чингуытæ æмæ нывтимæ витринæтæ. Реставраци æрцыд композиторы кусæгон стол, хатæны ма сты йæ уацмыстимæ стеллажтæ æмæ витринæтæ, къулыл конд   ис персаг гауыз, кæцыйы уæлæ ауыгъдæй лæудзысты ирон музыкалон инструменттæ реставрацийы фæстæ. Къултыл   конд сты бинонты нывтæ. Хатæны   сты æнусыккон пианино, фонограф, магнитофон, патефон æмæ бирæ æндæртæ, кæцыты хъæуы реставраци кæнын. Мæнæ Галаты Барис æмæ йæ цардæмбалы нывы сæрмæ гауызыл цы хъисын фæндыр ис ауыгъд, уый ацъæл æмæ ныртæккæ реставраци кæнынмæ ис Илати Тимурмæ, кæцы тынг хорз рæхсы ахæм куыстытæм

Фыццаг уæладзыджы ныридæгæн арæзт æрцыд райдзаст музыкалон уазæгдон, цыран уагъд цæудзысты камерон концерттæ, æмбырдтæ æмæ мадзæлттæ 25-30 адæймагæн. Иу дзырдæй, бирæ плæнттæ ис хæдзар-музейы бындурæвæрджытæм Гаглойты Лианæ æмæ Гæбæраты Андрейы сæргълæудæй. Ныртæккæ коллекцийы экспонаттæ æвæрд сты алы рæтты. Бакуыстгонд экспонатты æмæ материалон культурæйы предметты фылдæр хай æвæрд сты Гæбæраты-Тыбылты Зарæйы архивы. Фæлæ Галаты Барисы хæдзар-музей кæронмæ æндидзыд куы æрцæуа, уæд æппæт экспонаттæ æмæ æрмæджытæ дæр сæ бынат ссардзысты сæ хицауы хæдзары.

Мемориалон хатæны къултыл конд сты Галаты Барисæн йæхи къухтæй ист нывтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыд курдиатджын нывисæг дæр. Уыцы рæстæджы Баку дæр Ленинградау, уыд ирон интеллигенци кæм æмбырд кодтой, ахæм бынат. Номхуындæй, Галаты Барис Бакуйы зындгонд ирон дирижер Дудараты Вероникæйы фыдимæ,   йе ‘ввахс хионимæ куынæ фембæлдаид, уæд, чизоны нывисæгæй баззадаид, фæлæ уый фæхатыд, Барис музыкалон стыр курдиаты хицау кæй уыд, уый. Æмæ Дудараты фырты фæндонмæ гæсгæ 34-аздзыдæй адарддæр кодта йæ ахуыр.   1925 азы бацыд Азербайджаны консерваторийы композиторты хайадмæ композитор Михаил Поповы къласмæ. Консерваторийы ректор уыд зынгæ азербайджайнаг композитор Узеир Гаджибеков. Йæ ахуыргæнæг Поповы амæлæты фæстæ, ирон музыкант йæ ахуыр адарддæр кодта Ленинграды, цыран йæ ахуыргæнджытæ уыдысты адæмон артист Иосиф Немцов, композитортæ Петр Рязанов, Христафор Кушнарев, Барис Арапов æмæ æндæртæ. Уыдон уыдысты консерваторийы хуыздæр ахуыргæнджытæ. Фæстæдæр Галаты Барисы ахуыргæнинæгтæ Гаглойты Зауыр, Гæбæраты Илья, Плиты Жаннæ дæр ахуыр кодтой ацы зындгонд композитортæм.

Йæ уарзон ахуыргæнджытæ йын бауырнын кодтой, ныртæккæ иууыл бæрзонддæр нысан кæй у, ирон адæмон зарджыты сæнусон кæнын. Адæмон музыкалон сфæлдыстады стыр дæсны, профессор Е.Гиппиусы фæндонмæ гæсгæ, 1928 азы аивæдты историйы Ленинграды институт Галаты Барисы арвыста Ирыстонмæ, цæмæй æрæмбырд кодтаид ирон адæмон зарджытæн сæ хуыздæрты. Егъау куыст бакæныны фæстæ, 1964 азы мыхуыры рацыд «Ирон адæмон зарджыты» чиныг. 2017 азы   ногæй мыхуыры рацæудзæн ацы чиныг, цыран сты традицион зарджытæ æмæ цæгъдтытæ. Чиныг мыхуыр цæуы ирон æвзаджы рæзты фæдыл Паддзахадон программæйы фæлгæтты РХИ-йы Культурæйы министрады æххуысæй æмæ композиторы Фонды хъæппæрисæй. Чиныгæн уагъд æрцæудзысты дисктæ дæр, зарджытæ куыд ныффыста, афтæмæй. Ныртæккæ ууыл кусынц Фонды минæвæрттæ, Санкт-Петербурджы Уæрæсейы литературæйы институты (Пушкинский дом)   фонограмм-архивимæ. Кинофильм «Фатимæ»-йæн дæр музыкæ ныффыста Галаты Барис. Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр куы   байгом   уа, уæд дзы фыццаг æвдыст æрцæудзæн спектакль «Фатимæ». Композиторы Фонды бындурæвæрджытæ стыр куыст бакодтой, цæмæй ссардтаиккой ацы музыкæйы ныффыстытæ (запись), бакуыстой сыл æмæ сæ радтой театрæн. «Усгур Гæци»   Хуссар   æмæ Цæгат   Ирыстоны сценæтыл æвдыст æрцыд 1500 хатты! Ацы комедион спектаклæн дæр музыкæ ныффыста Галаты Барис. Уый уыд фыццаг музыкалон ирон комеди — опереттæ. Афтæ ма уый музыкæ ныффыста драмæ «Нарты Батрадз»-æн дæр, йæхæдæг уыд симфонион оркестры дирижер æмæ театры директор дæр. Драмæйы премьерæ æвдыст æрцыд 1942 азы. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уæды уæззау рæстæджы Галайы фыртæн йæ бон кæй сси симфонион оркестр саразын, цыран цагътой   Мæскуыйы Стыр театры артисттæ.

Фонды бындурæвæрджытæ фæнд кæнынц композиторы архив æрбæстон кæнын æмæ сын ацы хъуыддаджы æххуыс кæны республикон архивы раздæры хистæр Хæбæлаты Аслан. Уымæн йæ зæрдыл æрлæууыдысты курдиатджын композиторы тыххæй йæ мысинæгтæ. «Иу уынджы цардыстæм. Иннæ ахæм мæ хо, композитор Хæбæлаты Зинæйæн дæр бирæ бацамыдта. 1956 азты Мæскуыйы историон-архивон институты куы ахуыр кодтон, уæд уым дæр фембæлдтæн Барисимæ. Раст уыцы азты рауагъта йæ чиныг «Ирон адæмон зарджытæ»-йы. Ацы чиныг саразыныл куыста 30 азæй фылдæры бæрц. Æрмæг æмбырд кодта Ирыстоны алы къуымты æрзилгæйæ, ныффыста зарæггæнджыты зарджытæ, стæй сæ ракодта нотæтæм æмæ сæ сарæзта чиныг. Абайты Васо дæр ын баххуыс кодта зарджыты текстты æрмæджытимæ. Уый фæстæ йæ редакци   кæнынмæ радта зынгæ аивадзонæг, профессор Гиппиусмæ. Уымæн йæ ном зындгонд уыд дунейы. Галаты Барис иу мæйæ фылдæр баззад Мæскуыйы, фæлæ йæ бахъуыд Ирыстонмæ   йæ хъуыд-дæгты фæдыл ацæуын. Уæд мæ базонгæ кодта Гиппиусимæ æмæ йын загъта, зæгъгæ, ацы лæппу уыдзæн мæ минæвар. Иудзырдæй, организацион фарстытæ бахæс кодта мæнæн. Чиныг куы рацыд, уæд ын зынгæ гуырдзиаг композитор Андрей Баланчивадзе стыр аргъ скодта. Уый фыста: “Он выпустил ценнейший труд. Книга «Осетинские народные песни» получила резонанс среди крупнейших фольклористов Советского Союза и мира. Своим бескорыстным, кропотливым трудом он заложил фундамент национальной композиторской школы». Хæбæлаты Аслан ма загъта: «Галаты Барис ирон музыкалон аивадæн цы сарæзта, уымæ гæсгæ йæ абарæн ис Ирыстоны разагъта фырттимæ. Йæ чиныг «Ирон адæмон зарджытæ» сахуыр кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны уагъдцæуæг газет «Пролетарий Осетии»-йы зынгæ немыцаг аивадзонæг ныффыста уац, цыран уый дзуры, зæгъгæ, ирон адæмон зарджыты абарæн ис европæйаг аритимæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ арфдæр ахуыр æрцæуа йе сфæлдыстад».

Паддзахадон ансамбль   «Симд»-ы ныртæккæйы бæстыхайыл нæй конд мемориалон фæйнæг ансамбль кæй ном хæссы, уый фæдыл æмæ йæ хъæуы саразын. Иннæ ахæм та хъуамæ Галаты Барисы бюст æвæрд уа горæты центры, уымæн æмæ уый тынг бирæ сарæзта ирон музыкалон аивадæн æмæ йæ ном рох макуы хъуамæ уа.

Ацы аз сентябры мæйы Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцæудзæн Галаты Барисы номыл дунеон фестиваль Гергиты Ларисæйы къухдариуæгадæй. Уæдæ, бирæ хорз фæндтæ æмæ плæнттæ ис композиторы Фонды бындурæвæрджытæм æмæ Хуыцау зæгъæд, æмæ сæ сæххæст кæнын сæ къухты бафтæд. Галаты Барисы хæдзар-музей куы сырæза, уæд уый уыдзæн нæ горæты фенддагдæр бынæттæй сæ иу.

Джиоты Екатеринæ

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.