Бæрзонд аивады дæсныты куырдадз  

Aцы aз Тугъaнты Мaxaрбeджы нoмыл РXИ-йы нывгæнæн axуыргæнæндoныл æxxæст кæны 80 aзы. Рæсугъд æмæ xуызджын фæндæгтыл рaкoдтa aцы уaгдoн йæ axуыргæнинæгты. Стыр курдиaтджын æмæ фæлтæрд axуыргæнджытæ фæкуыстoй æмæ кусынц ныр дæр, 1937 aзы йæ дуæрттæ уæрæx чи бaкoдтa æмæ уæдæй aбoнмæ чи уæвынaд кæны, уыцы бæрзoнд aивaды aртдзæсты.

Зындгoнд æмæ нoмдзыд ирoн нывгæнæг, публицист, дрaмaтург, этнoгрaф æмæ ирoн нaцийы прoфeссиoнaлoн кaдрты xъoмылгæнæг, Xeтæгкaты Къoстaйы фæдoн Тугъaнты Мaxaрбeг стыр xaйбaвæрд бaxaстa нывгæнæн axуыргæнæдoны xъуыддaгмæ, æгæрoн лæггaд бaкoдтa æгaс Ирыстoны нaциoн aивaдæн дæр. Xъæздыг, зæxмулкджын æмæ уæздaн бинонтæй рацæугæ, Тугъанты Махарбег йæхи аивадæн куынæ снывонд кодтаид, уæд ын абон йæ ном зонгæ дæр ничи кæнид — хъæздыг, уæздæттæй дæр цух нæ уыд Ирыстон.

Æмæ кæд Тугъаны фырт уыцы диссаджы курдиат æрдзæй рахаста, уæддæр бирæ базыдта Петербурджы Аивæдты академийы ахуыргæнгæйæ профессортæ И. Е. Репин æмæ А. И. Куинджийы фæрцы. Академийы фæстæ Махарбег ацыд горæт Мюнхенмæ æмæ уым, Ашбейы скъолайы дыууæ азы дæргъы уæхскуæзæй æмæ æвæллайгæйæ фæкуыста ныв кæныны техникæйыл, æппæтварсонæй ахуыр кодта Европæйы адæмты аивад, музыкæ, литературæ.

Дунейы æмвæзадыл нывгæнæг уæвгæйæ, Тугъанты Махарбег 1930 азы хуынд æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ номдзыд нывгæнæг кæд Цæгат Ирыстоны Дур-Дуры хъæуы райгуырд (1881 аз), уæддæр йæ амæлæты бонмæ (1952 аз) фæцард Цхинвалы. Йæ сæйраг хæс уыд рæзгæ фæлтæры сахуыр кæнын ныв кæнын, ирон национ аивад бæрзонд æмвæзадмæ скæнын. Уыцы тырнынад æй сразæнгард кодта æмæ 1932 азы Цхивалы бакодта ныв кæныны студи сывæллæттæн. Уыцы студийы фыццаг зæрватыччытæ уыдысты: Плиты Афæхъо, Джиоты Бидзина, Глушков Василий. Фæстæдæр ахуыргæнинæгты нымæц бæрæг фæфылдæр: Мæргъиты Георги, Хаситы Инал, Цоциты Иван, Санахъоты Знауыр, Александр Тарасенко, Кокойты Уасил, Гасситы Отар, Санахъоты Борис, Санахъоты Сергей, Цхуырбаты Харитон, Карсанты Батрадз, Къæбысты Георги, Джиоты Лев, Тыбылты Иван, Гасситы Валикъо, Дыгъуызты Шаликъо, Бежанты Къоста. Номхуындæй сæ уымæн ранымадтам, æмæ фæстæдæр, 1937 азы Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон куы байгом, уæд се ‘ппæт дæр ахуырмæ бацыдысты уырдæм.

Тугъанты Махарбег йæ алы ахуыргæнинагмæ дæр каст хионы цæстæй, узæлыд сыл, цæстуарзонæй сын амыдта ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ, уæрæх сын кодта сæ зылдакаст. Фæстæдæр-иу се ‘ппæт дæр стыр ‘æхцон æмæ хъарм зæрдæйы æнкъарæнтимæ æрымысыдысты иу цау. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд мæ-гуыр рæстæджытæ уыд, бирæтæ æвæрæз уыдысты. Уый хорз зыдта фæлтæрд   ахуыргæнæг.   Цæмæй йæ ахуыргæнинæгтæ мацы фæхатыдаиккой æмæ къæмдзæстыг ма уыдаиккой се ‘мбæлтты ‘хсæн, уый тыххæй-иу сын бахæс кодта сныв кæнын, чи дзы цы хæдзары, цы хатæны цæры, уымæн йæ хуыз. Уымæ гæсгæ-иу сбæрæг кодта, йæ цардуагон уавæр кæмæн цы æмвæзадыл ис. Афтæмæй сын кодта материалон æххуыс, йæхæдæг-иу ацыд æмæ-иу йæхи мыздæй æрласта нывгæнæн æрмæджытæ. Бирæ йæ уарзтой ахуыргæнинæгтæ.   Стыр   цымыдисимæ-иу   хъуыстой нæ Ирыстоны историйыл дзурæг лекцитæм, зындгонд нывгæн-джыты царды æмæ се сфæлдыстадон æнтыстыты тыххæй   хабæрттæм.

Стæй ныллæууыд 1941-1945 азты хæсты дуг.   Бирæ хорз нывгæнджытæ нал æрæздæхт Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронттæй. Се ‘хсæн уыд уæлдай курдиатджындæр, Тугъанты Махарбеджы уарзондæр ахуыргæнинаг Цоциты И. (Вано). Стыр ныфс дзы æвæрдта номдзыд Тугъаны фырт, афтæ йæм каст, цыма йæ ахуыргæнинаг йæхицæй хуыздæр уыдзæн.

Афтæ цыд рæстæг æмæ нывгæнæн ахуыргæнæндоны педколлектив хъæздыг кæнын райдыдта профессионалон нывгæнджытæй. Фыццæгтæ уыдысты Зассеты Алыксандр (Тбилисы Аивæдты академи), Санахъоты Барис (Суриковы номыл Мæскуыйы институт), Кокойты Уасил (Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндон), Дыгъуызты Георги (Тбилисы Аивæдты академи), Къæбысты Никъала (Тбилисы Аивæдты академи), Коцты Сослан (Тбилисы Аивæдты академи), ахуыргæнæндоны кадджын ветеран Турманты Димитр (Тбилисы Аивæдты академи). Цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ ацы ахуыргæнæндоны намысджынæй фæкуыста Тугъанты Махарбеджы фырт Тугъанты Енвер дæр. Уый студенттæн каст лекцитæ аивæдты историйæ.   Аивæдты   ахуыргæнæндоны стыр фæд ныууагътой ахæм курдиатджын ахуыргæнджытæ, куыд: Пæррæстаты В., Тедеты В., Плиты А., Джиоты А., Калоты Ф. Цæстуарзонæй куыстой ацы уагдоны студенттимæ бирæ азты, амыдтой сын, нывгæнæгæн æнæмæнг цы зонындзинæдтæ, цы фæлтæрддзинад у, аивады бæрзæндмæ схизынæнæн цы мадзæлттæй пайда хъæуы, æппæт уыдæттæ. Бæрзонд æмвæзадыл æвæрд уыд хъомыладон куыст дæр.

1950-1960 азты Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ ног уылæны хуызы æрбагуылф кодта нывгæнджыты æвзонг фæлтæр. Уыдонæй иу уыд Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндоны рауагъдон Хъотайты Григол, фæстæдæр нысангонд æрцыд йæ директорæй дæр.

Уæды рæстæджы хицауады волютаристон политикæ æппæрццагæй бандæвта аивадыл дæр. Цæхгæр слæууыд фарст Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон сæхгæныны сæраппонд. Уыцы æбуалгъ хъуыддагæн æруадзæн нæ уыд. Æгæрыстæмæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззау рæстæджыты дæр уæвынад кодта, ныр та,   йæ сæхгæнынмæ æрхъавыдысты. Ацы уагдоны педколлектив, йæ сæргъ Хъотайты Григол, афтæмæй ныффыста фыстæг СЦКП ЦК-мæ, цыран равдыстой сæ тыхстдзинад уарзон ахуыргæнæндоны хъысмæты фæдыл. Педколлектив рахаста ахæм фæндон: цыфæнды ма уа, куыдфæнды ма рауайа, мызд сын куынæ фидой, уæддæр кæй кусдзысты раздæрау. Рæстдзинад фæуæлахиз æмæ нывгæнæн уагдон ныууагътой, дывæр тырнынадимæ йæ куыст дарддæр кодта.

1960-1970 азтæ нымад сты ахуыр-гæнæндоны æппæты æрттивгæ азтыл. Уæд æй иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фесты Бедойты Ш., Гæбæраты Ф., Пономаренко Л., Сабанты С., Демин С., Кæсойты Л., Лолаты А., Чилæхсаты М., Гончаренко И. 18 рауагъдонæй Советон Цæдисы горæтты аивæдты уæлдæр ахуыргæнæндæтты сæ ахуыр адарддæр кодтой 16 адæймагæй. Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны рауагъдонтæ кæддæриддæр хицæн кодтой сæ бæрзонд курдиатæй. Уый хорз зыдтой æндæр рæтты дæр. Æвзонг нывгæнджытæй йæ ахуыр Тбилисы чи адарддæр кодта, уыдонæй йæ бирæтæ абон дæр сæ зæрдыл дарынц: хатт-иу сæм афтæ дæр фæкаст, цыма се ‘мкъурсонтæ нæ, фæлæ ма сæм ахуыргæнджытæ дæр хæлæг кодтой, ныв кæныны хъуыддаджы сын æмбал нæ уыд.

Æмæ кæд нывгæнæн ахуыргæнæндоны æнтыстджын куыст бахъыгдард æрцыд   ивгъуыд æнусы 90-æм азты, уæддæр абон дарддæр дæр йæ куыст кæны, цæры йæхи сæрмагонд аивадон цардæй, ис ын йæхи традицитæ.   Ам цæсгомджынæй архайынц ацы уагдоны ахуыргæнджытæ, цайдагъ кæнынц ахуыргæнинæгты бæрзонд аивадыл, цалдæр азы размæ сын сæхицæн куыд амыдтой, афтæ. Уыдонæй иу у Тедеты Рита. Æгæрон хъармдзинад æмæ æхцон-дзинадимæ уый æргом кæны йæ хъуыдытæ: «Мæ чысылæй фæстæмæ тынг уарзын   ныв   кæнын.   Кæддæрты-иу ахъуыды кодтон дохтыры профессии равзарыныл дæр, фæлæ уæддæр равзæрстон нывгæнæджы дæсныйад æмæ мæ цард снывонд кодтон аивадæн. Нывгæнæг царды хуымæтæгдзинады дæр ссары цавæрдæр æнахуыр æмæ алæмæтон ахорæнтæ. Уый тыххæй та дын алцæмæ дæр хъуамæ уа сæрмагонд   цæстæнгас.   Æз   ма кусын Аивæдты лицейы дæр. Стыр дис фæкæнын иу хъуыддагыл: ныв кæнынмæ рæвдз чи у, аивады тых зæрдæйæ чи æнкъары, уыцы сывæллæттæн сæ миддуне ирддæр æмæ хъæздыгдæр у, сæ уагахаст дæр бынтон æндæр у. Мæнмæ гæсгæ нывгæнæг æвзæрдзинад, æнæуаг ми йæ сæрмæ никуы схæсдзæн. Бирæ нывгæнджытимæ дæн зонгæ æндæр горæттæй, хорз скъола рацыдысты, фæлæ уæддæр нæхи рауагъдонты æрмдзæф, стиль, æгæрыстæмæй, хуымæтæджы хахх дæр (худы) никæйы нывимæ хæццæ кæны. Уымæй мах стæм сæрыстыр. Уымæн æмæ нын уыцы сæрмагонд хиæдтæ баззадысты Тугъанты Махарбегæй. Хъуамæ сын аргъ кæнæм кæддæриддæр. Уæд нæ бæрзонд аивад нымад уыдзæн нацийы хъæздыгдзинадыл, — зæгъы Тедеты Рита.

Арфæйаг æмæ æнтыстджын уæд дарддæр дæр, Тугъанты Махарбег 80 азы размæ аивады фидар бындур   цæмæн æрæвæрдта, уыцы нывгæнæн ахуыргæнæндон, йæ ахуыргæнинæгтæ сæ курдиатæй цы рухс кæной ахуыргæнджыты зæрдæтæ, рауагъдонтæ та намысджынæй даргъ-уæрæх цы цæуой сæ царды фæндæгтыл æмæ стыр пайда цы хæссой Ирыстонæн, сæ радтæг адæмæн.

Коцты А.

 

 

Комментирование и размещение ссылок запрещено.

Комментарии закрыты.